Шалва Хачаъпуридзе – сидын персоналон бæрæггæнæнтæ хъахъхъæды инспектормæ æмæ специалон фæдагурæг куыстмæ, райдайæт фæдагуырд Саакашвилийы кадртæ публикацийы фæдыл
Гуырдзыстоны раздæры президент, Михеил Саакашвилийы адвокаты, Шалва Хачъапуридзейы фидиуæнæй, Саакашвилийы кадрдтæ закъоны хæлдæй уыдысты публикацигонд.
Адвокаты дзырдæй, зæгъгæ ацы цауы уый у тугтæрхоны барадмæ гæсгæ æфхæрдмæ дæлбар фыдракæнд æмæ сидынц куыд персоналон бæрæггæнæнты хъахъхъæды инспектормæ, афтæ специалон фæдагурæг куыстмæ, райдайæт фæдагуырд.
«Цыфæнды кадрты публикацийы бар сын ис æрмæстдæр уыцы уæнгæй, кæй кадрдтæ дæр публикаци кæнынц. Уый тыххæй уыдон хъуамæ бацыдаиккой клиникæ «Вивамедимæ», клиникæйы администрациимæ иумæ, хъуамæ ацыдаиккой Михеил Саакашвилимæ æмæ уымæй райстаиккой барлæвæрд. Ахæм ницы сыххæст, уымæ гæсгæ дæр, уый уыдис закъоны гуырымыхъхъ халын, кæцы бæрæг у администрацион уагæй, бæрæг хайæ та, тугтæрхоны барадмæ гæсгæ æфхæрды дæлбар фыдракæнд у.
Конкретон цауы, уый уыдис тугтæрхоны барадмæ гæсгæ фыдракæнд. Уый тыххæй сидын куыд персоналон бæрæггæнæнтæ хъахъхъæды инспеткормæ, афтæ специалон фæдагурæг куыстмæ, райдайæт фæдагуырд. Кæд нæ рæдийын уæд, Саакашвилийы кадртæ публикацийы нырид æртыккаг цау уыд цыфæнды барлæвæрдæй цух», – райхъусын кодта Шалва Хачъапуридзе.
Специалон пенитенцион куыст Гуырдзыстоны раздæры преиздент Михеил Саакашвилийы видеокадртæ публикаци скодта знон.