Бæстæйы масштабæй, сезонон гриппы ныхмæ вакцинæ æхсæз мæйдзыд карæй æнæфидгæ у – уый фæдыл информаци æнæнизхъахъхъæды министрад хъусын кæны.
«Кæй фæнды уыдонæн лæггад вакцинацийы процессы баст 400-ы онг медицинон уагдоны райсдзæн. Иммунизацийы паддзахадон программæйы фæлгæтты, Гуырдзыстоны 200 000 дозæ «Санопи Пастеры» уагхд цыппаркомпонентджын вакцинæ балхæлдта, кæцы у æнæниздзинад хъахъхъæнынады æппæтдунейон организацийы рекомендацигонд вакцинæтæй сæ иу.
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады центр вакцинаци сентябры кæрон райдыдта. Фыццаг фыццаг этапыл лæггадæй спайда кодтой, низы фæкарзы бæрзонд рискы къордмæ чи хауы ахæм æмбæстæгтæ. 15 ноябрмæ та вакцинаци кæцыфæнды æмбæстагæн уыдзæн æнæфидгæ» – банысангонд у æнæнизхъахъхъæды министрады информацийы.