22 октябры Кореяйы Республикæйы Гуырдызстоны минæварады организацигондæй «Korean Film Archive»-ы гуырдзиаг фильмты бонтæ бæрæгбононæй байгом сты.
Гуырдызстоны фæсарæн хъуыддæгты министрады информацийæ, мадзалмæ хуынд уазджытæм, Гуырдызстоны минæвар Отар Бердзенишвили дзырдæй баздæхт.
Уый корейаг фарсæн проекты сыххæстæн æххуысы тыххæй раарфæ кодта æмæ дыууæ бæстæйы æхсæн культурæйы сферæйы æмкуысткæнынады нысаниуæгы æрдæм раздæхта хъусдард.
Фильмы равдыстмæ бацæугæ уазджытæн уыд фадат, гуырдзиаг сæн басгарын.
Гуырдзиаг фильмты бонтæ, Кореяйы Республикæйы фыццаг хатт цæуы уагъд æмæ 25 октябрьмæ аххæссдзæн.
Кореяйаг субтитртæй равдисдзысты номдзыд гуырдзиаг режиссерты фондз фильмы: Гиорги Шенгелаиайы «Пиросмани», Леван Тутберидзейы «Мойра», Русудан Глурджидзейы «Æндæрты хæдзар», Мариам Хачъванийы «Деде» æмæ Ана Урушадзейы «Тæссаг мад».
Мадзал цæуы, Гуырдзыстоны минæварады æмæ Korean Film Archive-ы организацигондæй, афтæма, Гуырдзыстоны кинематографийы националон центры æххуысæй.