Сергей Рябков – фæнды нæ, Мадриды саммиты базонæм, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украина никуы суыдзысты НАТО-ы уæнгтæ
Мадриды саммитыл нæ фæнды базонæм, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украина никуы суыдзысты НАТО-ы уæнгтæ. Бахахх кодтам ома Уæрæсейæн æнæмæнгхъæугæ у, Украина ма суа НАТО-ы уæнг – уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, Сергей Рябков, Женевæйы Уæрæсейы æмæ АИШ-ы бадзырдты фæуды фæстæ райхъусын кодта.
Рябковы дзырдæй, зæгъгæ Уæрæсейы ныфсæвæрдтæ нæ фæлæ фидар æмæ легалон гарантитæ хæъуы.
«Мадриды саммитыл нæ фæнды базонæм, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Украина никуы суыдзысты НАТО-ы уæнгтæ. Бахахх кодтам ома Уæрæсейæн æнæмæнгхъæугæ у, Украина ма суа НАТО-ы уæнг. Махæн райсинаг уыдаит, кæд æмæ 2022 азы Мадриды плангонд НАТО-ы саммитыл, 2008 азы Бухаресты саммиты формулæ, кæцыйы фыст ис, цæмæй Украина суыдзæн НАТО-ы уæнг, ивд уыдаит ацы ныхæстæй – Украина æмæ Гуырдзыстон никуы суыдзысты НАТО-ы уæнгтæ. Уый уыдиат тынг æхсызгон ивд НАТО-ы позициты. Уый фæдыл дзæгъæл дзырдтæй æмæ æрдæгныфсæвæрдтæй кæнæ мæнг интерпретацитæй цææмй цы æрцыд ацы кæнæ иннæ бадзырдтыл, тынг сфæлмæцыд стæм. Не ууæндæм иннæ фарсыл. Хъæуынц нæ фидар æмæ легалон гарантитæ. Ай у Уæрæсейы националон æдасдзинады фарста» – райхъусын кодта Рябков.
Уыимæ ма Сергей Рябковы дзырдæй, зæгъгæ фарсытæ æмбæлгæ укынаффæтæ рахæсдзысты фидæн бонты плангонд фембæлдты фæстиуджытыл æнцойæ.
«Удис нæм тæлмæн, цыма америкаг фарс тынг серьозонæй райста Уæрæсейы æнхъарæнтæ æмæ сæ лæмбынæг бацахуыр кодта. Не рдгæй америкæгтæн бавдыстам деталонæй нæ нхъарæны логикæ æмæ йæ аппы тыххæй, райхæлдтам сын цæмæн у абсолютон императив НАТО-ы мауал ауæрæхы юридикон гарантиты райсын, цæмæн у махæн æнæмæнгхъæугæ, Уæрæсейы арæнтæм хæстæг ахæм бырсæн фæрæзты маравæрыны гарантиты райсын, кæцытæн сæ бон у нæ территорийыл нысæнттæ скуынæг кæнын æмæ цæмæн сывæрдтам фарста уый фæдыл, цæмæй НАТО нæзагъд хъуамæ ракæна 1997 заы фæстæ НАТО-ы, кæнæ Уæрæсе-НАТО-ы бындурон акт бафыссыны фæстæ, уæнгсуæвæг паддзахадты территоритæ æрхион кæныныл. Дырысæй сфиксир кодтам цæмæй махæн ацы æртæ æлхынцъон, æнæдихаг, абсолютонæй æнæмæнг æрдæмадтыл размæцыды йеддæмæ æндæр аспекттыл кусын фарстайы бын слуæдзæн. Цæй зæгъын æй хъæуы махæн æнæнхъæлæджы нæ уыд америкаг фарсæй бавдыст кæй уыд претензитæ Украинайы арæны дæргъмæ Уæрæсейы æфсады концентрацийы тыххæй, разагъд уыд бæрæг æртхъирæнтæ не рдæм. Коллегæтæн бамбарын кодтам, цæмæй Украинамæ лæбурды план нæм нæй æмæ нæдæр уыдзæн, æрмæст тыхты хæцынмæ цæттæдзинады фæдыл алы амал æххæст цæуы, нæ национ территорийы фæлгæтты. Уый тыххæй исты эскалацийы сценарийы тасы бындур нæй» – загъта Рябков.
Женевæйы цæугæ уырыссаг-америкаг бадзырдæ фесты. Фембæлд кæцы 7,5 сахат аххæссыд ИНО-йы АИШ-ы иудадзыгархайæг миссийы бæстыхайы ацыд. Америкаг делегацийæн разамынд кодта паддзахадон нымæрдары хæдивæг Венди Шерман, æрмæст Ууырыссаг делегацийæн та фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг Сергей Рябков.