Сергей Лавров - Мæскуы ныфс дары, цæмæй АИШ æмæ НАТО фæуромдзысты Гуырдзыстоны Уæрæсейы ныхмæ кæныны къахдзæфтæ
Сергей Лавров – Мæскуы ныфс дары, цæмæй АИШ æмæ НАТО фæуромдзысты Гуырдзыстоны Уæрæсейы ныхмæ кæныны къахдзæфтæ
Мæскуы ныфс дары, цæмæй АИШ æмæ НАТО фæуромдзысты Гуырдзыстоны Уæрæсейы ныхмæ кæныны къахдзæфтæ, – уый фæдыл уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады веб-фарсыл ис фыст, кæцы Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министр Сергей Лавровы пресс-конференцимæ уыд цæттæгонд.
“Быцæудзинады реалон тæссагдзинад æмæ Хуссар Кавказы регионалон æдасдзинады сæйраг расидæн у НАТО-йы æрдыгæй Гуырдзыстоны територийыл батагъдгонд æфсæдтон-политикон размæцыд. Мах стæм æвдисæгтæ политикон æмæ æфсæдтон техникон æмкуыстдзинады альянсы, Вашингтон æмæ Гуырдзыстоны æхсæн”, – ис фыст расидæны.
Снысангонд текст Уæрæсейы æттаг хъуыдттæгты министрады веб-фарсыл, Лавровы пресс-конференцийы фæстæ рапарахат ис, фæлæ брифингыл министр ацы фарстайы фæдыл нæ ныхас кодта.