Сергей Лавров - кæцыфæнды  архайд, кæцы  Днестргæрон  тас хæссдзæн   уырыссаг æфсæддæттæн, Мæскуы банымайдзæн Уæрæсемæ  бырстыл «Хуссар Ирыстоны куыд уыд афтæ»
Сергей Лавров - кæцыфæнды архайд, кæцы Днестргæрон тас хæссдзæн уырыссаг æфсæддæттæн, Мæскуы банымайдзæн Уæрæсемæ бырстыл «Хуссар Ирыстоны куыд уыд афтæ»

«Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Сергей  Лавровы фидиуæнæй,   кæцыфæнды  архайд, кæцы  Днестргæрон  тас хæссдзæн   уырыссаг æфсæддæттæн, Мæскуы банымайдзæн Уæрæсемæ  бырстыл «Хуссар Ирыстоны куыд уыд афтæ».

Уый фæдыл  Сергей Лавров Мæскуыйы стундентты  раз дзырдæй ралæуды рæстæджы  райхъусын кодта.

«Нæ интересты тыххæй  куы зæгъæм  уæд, уым сты  нæ  сабырадонтæ, уым ис нæ æфсæддон бал, кæцы  Европæйы  хæстæрмæджы  ставддæр  æвæрæн   хъахъхъæны.  Æмæ  алчи хъуамæ æмбарæт, цæмæй кæцыфæнды архайд, кæцы  Днестргæрон  тас хæссдзæн   уырыссаг æфсæддæттæн, æхсæнадæмон  барадмæ æмбæлгæйæ  каст уыдзæн  Уæрæсемæ  бырст «Хуссар Ирыстоны куыд уыд афтæ»,  нæ  сабырадонтæм куы  ныббырста Саакашвили», – зæгъта  Лавров.