Серджио Матарела - Ацы азты мидæг Гуырдзыстон йæхи равдыста Италийы æмæ Евроцæдисы æууæнкаг æмæ стабилон партнерæй
Гуырдзыстоны институциты къухдариуæггæнджытимæ фембæлдтæ мæ бауырынын кодтой уæ бæстæмæ стыр потенциал кæй ис уый, кæцыйы фæткдар класс бæлвырдæй ахицæн кодта экономикæйы модерннизацийы æмæ фæдылдзог рæзынады, демократийы фæцфимдар кæныны, инклюзивон æмæ æнæцудгæ рæзынадæн хъæугæ реформæты ауадзын – уый фæдыл Италийы президент Серджио Матарела Гуырдзыстон- Италийы бизнес-формул дзырдæй ралæуды рстæджы загъта.
Йæ аргълæвæрдæй, ацы азты мидæг Гуырдзыстон йæхи равдыста куыд Италийы æмæ Евроцæдисы æууæнкаг æмæ стабилон партнер афтæ.
«Цытджын премьер-министр тынг хорз фæныхас кодта дыууæ бæстæйы æхсæн хæлар ахастыты фæдлы. НÆ дыууæфарсон экономикон æмгуыстады рæзынады динамикæ, мæ хъуыдымæ гæсгæ, фылдæр фадæттæ нын рхæсдзæн. Уæвæг ахастытæ æвзæрын кæнынц бындур, бирæ аспектыты фылдæр фундаментыл сæ æрфидар кæнæм. Уымн ахъаззаг у политикон кæрæдзиæмбарынад, культурæты хæстæгдзинад, афтæдæр ахуырадон æмæ зонадон секторы фылдæр къуындæг æмгуыстад. Гуырдзыстоны институциты къухдариуæггæнджытимæ фембæлдтæ мæ бауырынын кодтой уæ бæстæмæ стыр потенциал кæй ис уый, кæцыйы фæткдар класс бæлвырдæй ахицæн кодта экономикæйы модерннизацийы æмæ фæдылдзог рæзынады, демократийы фæцфимдар кæныны, инклюзивон æмæ æнæцудгæ рæзынадæн хъæугæ реформæты ауадзын. Ацы азты мидæг Гуырдзыстон йæхи равдыста куыд Италийы æмæ Евроцæдисы æууæнкаг æмæ стабилон партнер афтæ. рАйсгæ фæстиуджытæ Гуырдзыстонæн æрхастой сеппæтæй егъау æхсæнадæмон финансон институтты æууæнк. Се сгуыхт минæвæрттæ ам сты, кæцытæ йæ ф арс хæцынц Гуырдызстоны рæзынады амбицион плæнтты сæххæсты. Спайда кæндзынæн моментæй, æмæ раарфæ кæндзынæн Гуырдзыстонæн ацы æнтыст» – райхъусын кодта Серджио Матарела.