Сер Алан Дункан -  Гуырдзыстон дæнцон у регионы, реофрмæты, демократийы гъæды æмæ  адæймаджы  барты  хъахъхъæды æрдгæй
Сер Алан Дункан - Гуырдзыстон дæнцон у регионы, реофрмæты, демократийы гъæды æмæ адæймаджы барты хъахъхъæды æрдгæй

Британийы Европæйы  хъуыддæгты министр Алан Дункан  сом, 8 ноябры  Тбилисмæ фæуазæг уыдзæн  æмæ  Гуырдзыстон-Британийы  стратегион  диалогы  «Уордроп Диалогы»  фæндзæм раунд бакæндзæн.

Гуырдзыстоны, Иугонд Паддзахады минæварады  информацийæ,   Стыр Британийы  Европæйы  хъуыддæгты  министры Гуырдзыстонмæ визит  ноджы фæфидардæр кæндзæн  дыууæ бæстæйы  æхсæн  ахастытæ.

«Ацы  азы  Уордропы  стратегион диалог  хицæн кæны, уымæн æмæ   ацы аз Гуырдзыстоны историйы дыууæ нысаниуæгджын  датæ банысан кæнынц – 100 азы  хæдбардзинад ногæй рацарæзтæй  æмæ 10 аз Гуырдзыстон-Уæрæсейы конфликтæй.

Банысанкæнинаг у уый æмæ Стыр Британийы æмæ Гуырдзыстоны  хицауадты æхсæн  ахастытæ  сегасæй  хуыздæр фазæйы сты.  Диалог  нын ратдзæн   фадат адарддæр кæнæм  ныхас экономикон  бастдзинад фæфидардæр кæнынæн,  хъахъхъæнынады  фарстаты  æмкуысткæнынадыл  æмæ уыцы  иумæйаг   хæзантыл  кæцытæ нæ ахастытæ нодж фидардæр скæндзæн»- банысангонд у  Гуырдзыстоны, СТыр Британийы  минæварады информацийы.

Сер Алан Дункан   визитыл ныхасы рæстæджы  куыд райхъусын кодта афтæмæй,  ацы азы  Уордропы  стратегион   диалог  тынг   дырыс  æвдыст у уыйы, ома  Британийы æмæ ГУырдзыстоны  æхсæн ахастытæ  æрвылазонæй  иууыл фылдæр хъæддых кæнынц.

«Райгонд дæн фадат мæмæ  кæй  фæзындзæн  æндæр æмæ æндæр фарстатыл  æмæ иумæйаг интерестыл  фæныхас кæнын   Гуырдзыстоны   премьер0министр  Мамука Бахтадзе æмæ  Гуырдзыстоны  фæсарæн хъуыддæгты министр  Давит Залкалианиимæ.

Уæрæсе-Гуырдзыстоны  хæсты  дæс азы сæрыл  СТыр Британи дарддæр  кæны   æнцой дарын Гуырдзыстоны территоритон æнæхъæндзинадæн, суверенитетæн æмæ   æдасдзинадæн.  Уæрæсейы  æрдгæй  цæугæ   агрессийы фоныл, Гуырдзыстон иттæг  нысаниуæгджын роль æххæст кæны  регионы   сабырады æрфидар кæныны  æрдгæй» -банысан кодта  Сер Алан Дункан.

Афтæдæрйæ ныхæстæм гæсгæ  цæугæ азы   райдианы  Солсберийы  æнæфенгæ   бырсты  фæстæ,  Гуырдзыстон  æнæаргъæвгæ   æмæ  хъæддых  фарсхæцын   равдыста Стыр Британийæн  æмæ уый тыххæй  Иугонд Паддзахад  зæрдæрухс у.

«Гуырдзыстон у рфеормæты, демократийы   гъæды æмæ  адæймаджы  барты  хъахъхъæды æрдгæй  дæнцон æнæхъæн регионы. Мах ноджы иу  хатт  райæм  Гуырдзыстоны  реформæты амбицион программæйæ.  Реформæты ацы фæндагыл  Гуырдзыстон  хъуамæ  бахъом уа  йæ  экономикон   потенциалæй  æххæстæй  спайда кæнын æмæ растдæр уый тыххæй,   Британийы хæрз фæткдæттынады фондæй æрвылазонæй  рахицæнгонд у  4  милуан  фунт стерлинг  ацы реформæты  ауадзынæн» райхъусын кодта  Сер Алан Дункан.