Сенатор Джин Хашин дзырдæй ралæуды рæстæджы, хицаудзинад сабырадон фæндагæй  алæвæрдыл ныхасы цæвиттонæн æрхаста  2012 азы Гуырдзыстоны æвзæрстытæ
Сенатор Джин Хашин дзырдæй ралæуды рæстæджы, хицаудзинад сабырадон фæндагæй алæвæрдыл ныхасы цæвиттонæн æрхаста 2012 азы Гуырдзыстоны æвзæрстытæ

Демократ Сенатор  Джин Хашин  Конгрессы  дзырдæй ралæуды рæстæджы  хицауады  сабырадон фæндагæй  алæвæрдыл ныхасы  рæстæджы цæвиттонæн æрхаста   2012  азы  Гуырдзыстоны уагъд  ææвзæрстытæ.  Сенаторы  дзырдæй,  зæгъгæ уый  йæ  коллегæимæ иумæ æвзæрстыты  рæстæджы  Гуырдзыстоны  уыд цæстдарæгы статусæй.

«2012 азы  мæ коллегæ  сенатор  Ришимæ иумæ  уыдыстæм  Гуырдзыстоны æмæ Сенаты  номæй  цæст дардтам  æвзæрстытæм, кæцы ацæуæг  президет Михеил Саакашвили, йæ бындурæвæрд парти  «Националон Змæлды»  æмæ  ногарызт парти «Гуырдзиаг Бæллиццы»  æхсæн цыд, æмæ кæцы бындурæвæрд æмæ финансгонд цыдис  Бидзина Иванишвилийæ. Уый  уыдис тох парламенты æмæ хицауады контролы тыххæй.   Мах æрныхас кодтам  æхсæнадæмон  аргълæвæрдыл, цæмæй   уыцы æвзæрстытæ уыд  сæриар  æмæ  рæстаг æмæ  «Гуырдзиаг Бæллицц»   фæуæлахиз ис.  Фæлæ   бæстæйы уыдис хъыгдзинад  уый тыххæй, цæмæй  Саакашвили не сразы уыдаит   хицаудзинад алæвæрдыл  æмæ уый айрæзтаит быцæудзинадмæ, кæрон скодтаит демократион реформæтæ, кæцытæ  цыдысты раздæры советон республикæйы.  Æвзæрстыты дыккаг бон  æз æмæ сенатор  Риш   ныхас кæнынмæ  фæуазæг стæм Саакашвилимæ.  Тынг дзæбæх хъуыды кæнын  визит йæ хæдзармæ.  Æрбадтыстæм  æмæ  йын бацамыдтам цæмæй  демократийы  фундамент, кæцыйæн уый  Гуырлдзыстоны президент бирæ   фæкуыста аст азы дæргъы,  у хицаудзинад сабырæй адæттын.  Президент  Саакашвили  нæм байхъуыста  æмæ  сабырæй ныууагъдта  хицаудзинад» – райхъусын кодта  Джин Хашин.

Сенатор Хашини дзырдæй,  зæгъгæ  нысаниуæгджын  у фидæн фæлтæртæ æмбарой, цæмæй  Америкæ  куыд  демократон  паддзахадтæ,  баст у  хицаудзинад сабыр фæндагæй  алæвæрдыл.