Сейсмон мониторингы националон центры æмбарын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны æрцæугæ зæххæнкъуыст астæуккаг тыхы уыд
Сейсмон мониторингы националон центры хъусын кæнынц, цæмæй Гуырдзыстоны æхсæвы æрцæугæ зæххæнкъуысты тых астæуккаг классы зæххæнкъуыстытæм хаудис.
Центры æмбарын кæннц, цæмæй зæххæнкъуысты эпицентрмæ хæстæг нæй цæрæн пункт æмæ истæй ныппырхы тас æнхъæлмæкæсинаг нæу.
«Схуыстытæ сфиксир сты Хъазбегæй 31 километр дæрццæг, хуссар-хурыскæсæны. Зæххæнкъуысты магнитудæ 4.9-ы бæрц уыд. 4.9 хауы астæуккаг классы зæххæнкъуыстытæм. Рахатинаг уыдаит схуыстытæ эпицентрмæ хæстæг, фæлæ уым цæрæн ран нæй цæмй исты ныппырх уыдаит. Гæнæн ис, ацы зæххæнкуысты фæстæ уа лæмæгъ схуыстытæ, фæлæ уый æнхъæлмæкæсинаг у, стæй бирæ лæмæгъдæр уыдзæн. Тæссаг ма хъуамæ уа. Гæнæн ис, Тбилисы дæр рахатинаг уыд схуыстытæ. Фæлæ истæй ныппырх сæйраг горæты гæнæн нæй», – райхъусын кодта сейсмолог Манана Дзманашвили.
Гуырдзыстоны зæххæнкъуыст 01:43 сахатыл сфиксир ис.