Йемены 5,2 милуан сывæллонмæ æртъхъирæн кæны æххормагдзинад. Æмбæлон бæрæггæнæнтæ хæлиу кæны æхсæнадæмон организаци Save the Children.
Йемены гарзджын конфликт нырид æртæ аз у цы даргъ кæны. Ацы рæстæджы дæргъы бæстæйы хæринаг продукттыл æргътæ 68 процентæй райрæзтысты, Йемены националон валютæ риал та, сæнæаргъ ис 180% -йы.
«Милуангай сывæллон нæ зонынц, кæд фæхæст уыдзысты хæринагыл кæнæ бынтон сæм исты бафтдзæн æви нæ. Цæгат Йемены иуæй-иу рынчындоны кæм уыдтæн уым, сывæллæттæ уыййас мæллæг сты æмæ кæуын хъом дæр нал сты. Хæст Йемены сывæллæтты æнæхъæн фæлтæры мæлæты тасы æвзæрын кæны. Сывæллæттæ бирæ тасы раз лæууынц, бомбæтæй райдайгæ, æхормагдзинад æмæ халеры хуызæн низтæ», – райхъусын кодта организаци Save the Children æххæстгæнæг директор Хелле Торнинг-Шмидт.
Æхсæнадæмон организацийы бæрæггæнæнтæй Йемены цæрæг 36 мин сывæллон гæнæн ис афæдзы кæронмæ амæла, кæд сын æхсæнадæмон дзыллæ рæхджы нæ баххуыс кæна уæд.