Сарпийы таможнæйы æмбæстæгтæ ласгæ продукци бæрцы фæкаддæр протест кæнынц
Сарпийы таможнæйыл адæм æрымбырд, фæлæ рад ацыхатт арæнон-ауадзæн пункты куыстимæ баст нæу. Æмбæстæгты хай кæцы арæныл æрвылбойнонæй ахизы æмæ чысыл партийæ тамакойы продукци æмæ алкоголон ныуæзтытæ ахæссы, æнæрайгондддзинад æвдисынц уый тыххæй, цæмæй туркаг фарсыл сæ, ахæссинаг продукцийы нымæцы фæкаддæры фæдыл сæ ничи бафæдзæхста æмæ абон зæгъæн ис алкæмæн, сæ тамако байстой туркаг арæнхъаххъæнджытæ.
«Æрвылбойнонæй дæс ларийы тыххæй ахизын æмæ аласын тамако. Ныры онг зыдтон цас бæрцæй ахæссыны бар мын уыд. Абон алцыппæт мын байстойю Гуырдзиаг фарсæй æркуырдтам, Туркмæ ацæуыны онг райтынг кæной информаци гуырдзиаг æвзагыл, цы закъæдтæ æрбайсдзысты туркагмаожнæйыл уый тыххæй» – дзуры иуæй-иу æмбæстаг.
Зноны куылымпыдзинады фæстæ, Српийы таможнæ байгом ис. Арæныл сæрибарæй ахизынц фистæгтæ. Арæнæвæрдтæ æрмæстдæр гуырдзиаг номыртæ цы автомобильтæн ис уыдонмæ æххæссынц, кæцыйы туркаг фарс эллектронон системæйы хъæны æфсон кæны.