«Сарпийы»  арæйнон-ауадзæн пункт  куысты  хуымæтæг режиммæ  æрыздæхт
«Сарпийы» арæйнон-ауадзæн пункт куысты хуымæтæг режиммæ æрыздæхт

Гуырдзыстоны  мидхъуыддæгты  министрады  информацийæ,   «Сарпийы»  арæйнон   ауадзæн  пункт,  куысты  хуымæтæг  режиммæ  æрыздæхт.

«Гуырдзыстон-Турчы паддзахадон арæныл  («Сарпийы»  фадыг)   транспортон   фæрæзтæн  æмæ фистæгты  змæлдыл уагæвæрд рæстæгмæ  арæнæвæрд ивд æрцыд,  арынл бынативд дыууæ рдæм дæр сног ис»-  хъусын кæнынц  МХМ-ы.

Абон «Сарпийы»  арæйнон-ауадзæн  пунктмæ хæстæг  Турчы   таможнæйы  алфæмбылай территорийыл  лæбырды  фæстиуæгæн  ракалд къæдзæх, цæй  тыххæй  дæр   Сарпи-Трапзоны  магистралыл   змæлд  цалдæр сахатæй урæд æрцыд.

Уыйимæ иумæ,  Фыццаг Къаналы  журналист куыд хъусын кæны  афтæмæй,   зæгъæн ис  дыууæсахатон  куылымпыйы  фæстæ,   Сарпийы   таможнæ  ацы  минутты  байгом  ис.

Ацы рæстæгмæ  таможнæйы ис рад.  Гуырдзиаг фарс арæныл ахзын кæй  фæнды – уыдоны æмæ  автомобильты, этапгай  уадзы.