Саралидзе æмæ Мачаликашвили премьер-министримæ фембæлдмæ бацыдысты
Заза Саралидзе, адвокатимæ æмæ адæмон хъахъхъæнæгимæ иумæ, премьеримæ фембæлдмæ бацыдысты.
Уый фæдыл хъусын кæны Фыццаг Къаналы журналист.
Хицауады администрацимæ афтæдæр бацыд Малхаз Мачаликашвили, адвокатимæ имуæ.
Саралидзе æмæ Мачаликашвили фембæлдмæ бацæуыны размæ комментар нæ сарызтой.
«Премьер æнхъæлмæ кæсы зианбавзарæг бинонтæн, адвокаттимæ æмæ адæмон хъахъхъæнæгимæ иумæ» – загъта Тадумадзе.
Тадумадзе афтæдæр фæныхас кодта администрацийы цур æрымбырдуæвæг хъæбул кæмæн амард уыцы ныйарджытимæ.
Хоравайы уынгыл мард æнахъомы фыд Заза Саралидзе хицауады администрацийы цур уыдис æмæ хъусын кодта, цæмæй премьеримæ иунæгæй нæ фембæлдзæн æмæ дзуаппмæ та банхъæлмæ кæсдзæн иу сахаты бæрц.
Афтæма хицауады администрацийы цурмæ бацыд адæмон хъахъхъæнæг Нино Ломджариа дæр.
Цъус рæстæджы размæ, афтæдæр хицауады администрацийы цурмæ бацыд Звиад Куправа, кæцы загхта, цæмæй йæм зæгъгæ Заза Саралидзе фæдзырдта æмæ йæ ракуырдта хицауады администрацийы цурмæ бацыдаит хъæбул кæмæн фæмард уыцы ныййарджытимæ иумæ .
Хоравайы уынгыл мард иуæй-иу æнахъомы фыд Заза Саралидзе знон парламенты бæстыхайы размæ акцийы райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны премьер-министримæ фембæлын хъавы. Хицауады администрацийы пресс-куысты информацийæ, Гиорги Квирикашвили зæгъгæ цæттæ у, цæугæ фæдæвзарæнимæ баст фарстытыл ныхаскæнынмæ, политиконæй ангаржиргонд уæнгтæй цухæй фембæла Хоравайы уынгыл мард æнахъомты ныйарджытимæ.