Саперавийы мыггаджы сæнæфсиры  паддзахадон компани  дæсы онг локацийыл  балхæндзæн 1,5 ларийæ, фермертæн, кæцытæ   къаддæр аргъæй  ауæй  кодтой  Саперави,  уыдонæн хицауад  цы хъауджыдзинад уыд æргъты  уый бæрц компенсаци бафиддзæн
Саперавийы мыггаджы сæнæфсиры паддзахадон компани дæсы онг локацийыл балхæндзæн 1,5 ларийæ, фермертæн, кæцытæ къаддæр аргъæй ауæй кодтой Саперави, уыдонæн хицауад цы хъауджыдзинад уыд æргъты уый бæрц компенсаци бафиддзæн

Рахастам уынаффæ,  рауæлдай кæнæм  уæлæмхас ресурс   æмæ паддзахадон  компани  Саперавийы мыггаджы   сæнæфсиры   дæсы  онг локацийыл  1,5 ларийæ   балхæна, –  уый фæдыл премьер-министр Ираклий Къобахидзе  абоны  брифингыл райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ   ацы  азы   прогнозон    тыллæг   рекордон у æмæ 300 мин тоннæйы  бæрц у.

«Гуырдзыстоны  хицауад ацы аз дæр   æххæт кæны  къабазы   субсидирдзинад, цæмæй  20   минæй  фылдæр фермерæн йæ бон бауа   тыллæгы  афоныл реализаци.  Абоны  уавæрæй, нырид бакуыстæуыд  80 мин тоннæ  сæнæфсир.  Ацы  аз   рекордон у   Саперавийы  мыггаджы  сæнæфсиры  тыллæгдæр.   Интенсивонæй  цæуы   сæнæфсиры реализаци æмæ нырид бакуыстæуыд 35 мин тоннæ  сæнæфсир.   Фæлæ   климатон уавæрты тыххæй,  хъæугæ  бацис тыллæг макисмалонæй  цырд бафснайын, цæмæй  сæнæфсир  ма  фесæфа æмæ  йæ  баакусын  афоныл бантыса.   Уый тыххæй, æрвылазонæй   рæзгæ у  сæнæфсиры  реализацийыл æркуырд  фермерты æрдгæй.

Фæнсангонды тыххæй, райстам   уынаффæ, рауæлдай кæнæм  уæлæмхас ресурс  æмæ паддзахадон компани   Саперавийы  мыггаджы  сæнæфсиры   дæсы онг  локацийыл   1,5 ларийæ  балхæндзæн.   Уыимæ, фермертæн, кæцытæ абоны  онг 1,5  ларийæ  асламдæр   ауæй кодтой Саперавийы  сæнæфсир, Гуырдзыстоны хицауад  компенсаци бафиддзæн  уыцы  хъауджыдзинады бæрц  1,5  ларийы æмæ   цы  аргъыл ауæй кодтой   уымæ  æмбæлгæйæ», –   райхъусын кодта  Къобахидзе.