Сандра Руловс – Бидзина Иванишвилийæ тагъд фервæздзысты, фæмаргджын æй кæндзысты, амардзысты йæ кæнæ та фæтар уыдзæн, бахъуыды кæнут мæ ныхæстæ, ай Уæрæсе у, уый та никуы хъазы
Гиорги Гахариайы премьер-министрæй снысан кæнын тынг æвзæры амонæг у – уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Сандра Руловс Руставелийы проспектыл, парламенты цур цæугæ ацийыл райхъусын кодта, цы ран премьер-министрæй Гахариайы бавдыст протест кæнынц.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Кæд Бидзина Иванишвилийы фæнды цæмæй Гуырдзыстонæн баххуыс уа, уæд Гахариайы ма хъуамæ снысан кæна премьеры постыл.
«Ай уыдзæн уый амонæг уыдзæн, цæмæй комкоммæ Уæрæсе бады нæ кабинеты сæрыл æмæ Уæрæсейы цы бафæнда уый сараздзæн. ДЗурынц, цæмæй Бидзинайæн зæгъгæ нæ батайдзæн, æз та зæгъдзынæн, цæмæй Бидзина нырид уæлдай дæр у. Цы фæндыд Уæрæсейы уый райста. Сæ минæвар Гахариайы хуызæй ныридæгæн у кабинеты хистæр. Йæ бон у, кæцыфæнды уынаффæ рахæссын, фæнды Уæрæсемæ баиу кæнын, фæлæ Бидзина ныридæгæн уæлдай у. Бауырнæнт уæ, Бидзинайæ тагъд фервæздзысты. Иванишвили не æмбары цæмæй йæхæдæг уæлдай у: фæмаргджын æй кæндзысты, амардзысты йæ кæнæ та фæтар уыдзæн, бауырнæнт уæ. Ай у Уæрæсе, уый та хъазæн митæ никуы кæны. Уæрæсе кæмфæндыдæр рацагуры йæхицæн знаг. Ныридæгæн махæн нæ хъуыддаг у баст комкоммæ Уæрæсеимæ, уый тыххæй у тынг æвзæры амонæг. Бидзина иу процентæй æнæниз хъуыды кæнын хъом ма кæд у æмæ йæ йæ кæд фæнды цæмæй Гуырдзыстонæн баххуыс уа, уæд Гахариайы ма хъуамæ снысан кæнид»- рахъусын кодта Сандра Руловс.
Сандра Руловс куыд райхъусын кодта афтæмæй, акцийы хайадисджытæ æппæт дунейæн хъуамæ фехъусын кæной, цæмæй Гиорги Гахариайы премьер-министрæй снысан кæнын, стыр протесты фоныл цæуы.
«Протест нæхимæ уадзæм. ХЪуамæ бамбарын кæнæм æппæт дунейæн, цæмæй ацы лæгы снысан цæуы стыр адæмон протесты фоныл æмæ кæд афтæ райдайын хъавы ног премьер кусын, уый æнæмæнгæй тынг æвзæр фæуыдзæн. Уыдзæн сабырадон акцитæ, æрмæст тынг массонæй æмæ æцæгæй дæр ма хъуамæ банхъæлмæ кæсæм 2020 азмæ. Мæ хъуыдымæ гæсгæ, ацы аз хъуамæ æрцæуа ивд. 2020 азы нæ бæстæ хъыгагæн нал уыдзæн. Пессимист нæ дæн, оптимист дæн уыцы æрдгæй, цæмæй массонæй хъуамæ равдисæм нæ протест уымæ гæсгæ, цæмæй Уæрæсейы лæгы нын рабадын кодтой паддзахады сæргълæууæгæй. Ерын цы аразæм, афтæ хъуамæ адарддæр кæнæм. ХЪуамæ лæууæм, алчи хъуамæ æрцæуæт æмæ адæм иумæ куы лæууы уæд та йыл ничи фæтых уыдзæн» – райхъусын кодта Сандра Руловс.