Сандра Оудкъирк – АИШ-æ, уæрæсейаг газдадзæн «Цæгаттаг къада 2» хорз равзæрстыл нæ нымайы
Уæрæсейаг газдадзæн «Цæгаттаг къада 2» АИШ-ы бæрæгдзау куысты æмæ æфсæддæтты мæстыйы аххосæй ссис. АИШ-ы хицауады хъусын кæнынц, цæмæй проект Уæрæсейæн дæтты фадат , Балтийы денджызы сфидар кæна байхъусæн æмæ цæстдарæн технологитæ.
Энерго дипломатийы фарстыты АИШ-ы паддзахадон нымæдары хæдивæгы æххуысгæнæг, Сандра Оудкъирк, Берлины журналисттæн фехъусын кота, цæмæй Вашингтоны хъуыдыйæ зæгъгæ, газдадзæны проект æвзæр равзæрст у.
Германийы Балтийы былгæрон Грифсвальды бакæлæны куыстытæ райдыдтой. «Цæгаттаг къада 2» ныгуылæйнаг компаниты æмæ уырыссаг «Газпромы» консорциум у, кæцыйы руаджы уырыссаг газ Балтийы Денджызы уылты ауадздзысты Германимæ.