Самегрелойы, дихгæнæг хаххы гæрон хъæуты цæрæг сидзæр æмæ амалхъомдзинад цух сывæллæттæм, хæринаг продуктты æмæ гигиенон фæрæзты къалатитæ байуæрстой
Фидыды æмæ æмбæстагон æмбарады фарстæты паддзахадон министр Тея Ахвледиани Цъаленджихайы хъæуты, Чъале æмæ Поцхоецъеры уыд. Тея Ахвледиани Самегрелойы паддзахадон æвджид лæгы хæстæ æххæстгæнæгимæ Малхаз Ториаимæ иумæ сидзæр æмæ амахъомдзинад цух сывæллæттæм фæуазæг сты æмæ сын хæринаг продукттæ æмæ гигиенæйы фæрæзты къалатитæ байуæрстой.
Æххуысы акци паддзахадон министры аппараты инициативæйæ æмæ ИНО-йы сабион фонды UNICEF-ы æххуысæй цæуы æххæст æмæ дихгæнæг хаххы 116 хъæуы сыххæст уыдзæн.
«UNICEF-ы æххуысæй хæринаг продуктты æмæ гигиенон фæрæзты къалатитæ сидзæр æмæ амалхъомдзинад цух сабитæнг байуардзыстæм. Банысан кæнын хъæуы, цæмæй ацы акци нæу иухаттон æмæ аналогион æххуыс адæтдзыстæм дихгæнæг хаххы гæрон æндæр регионты, афтæ куыд этникон къаддæрдæрты цæрæн муниципалитетты æмæ хъæуты. Æмтгæй райсгæйæ UNICEF-ы æххуысæй фæнысангонд къалатитæ лæвæрд æрцæудзæн 1000-æй фылдæр бинонтæм», – загъта паддзахадон министр Тея Ахвледиани.