Барбаробайы бæрæгбонмæ гæсгæ, Гуырдызстоны алы архайæг аргъуаны æххæст цæуы куывд. Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх, Илья Дыккаг, литургийы æххæст кæны Самебайы кафедралон аргъуаны.
Самебйы кафедралон аргъуаны бæрæгбонон куывдыл сты æфсæддон кусджытæ дæр.
Рæстдинон аргъуан абон сыгъдæг хъизæмаргæнæг Варварæйы мысы, кæцыйы чырыстон дины тыххæй 4-æм æнусы амардтой.
Сыгъдæг Варварæ нымад цæуы сывæллæты бардуагæй. Барбаробайы бæрæгбонмæ аргъуантæм сæрмагондæй бирæ сывæллæтты бакæнынц куывдмæ.