Самбо - гуырдзиаг спортсменты 11 майдан Европаг хъæзтытыл | Минскъ 2019 (фотохабар)
Белорусы цæугæ европаг хъæзтытыл гуырдзиаг самбисттæ сеппæтæй оптимистондæр прогнозæй хуыздæр фæстиуæг равдыстой æмæ Гуырдзыстонæн 11 майдан æрхастой.
Ерысы фыццаг бон 22 июны гуырдзиæгтæ æхсæз майдан рамбылдтой, кæцымæ абон ноджы 5 бафтыдтой.
Абон фыццаг æнтыст равдыста Гиви Надареишвили, кæцы бронзæ майдан райста, фæстæдæр та уыййау бронзæтæ рамбылдтой Геннади Чиргвадзе æмæ Паата Гъвиниашвили.
Бронзæйы шанс уыдис афтæдæр Ирине Леонидземæ фæлæ скуыддзаггæнæг матчы уый украинаг Галина Ковальскаимæ фембылд ис.
Уый фæстæ та æрлæууыд сыгъзæрин майданы рад: Леван Нахуцришвили финалы хыгъдæй 5-1 абырста уырыссаг Санислав Скрябины æмæ Минскъы европаг хъæзтыты чемпион ссис, фæстæдæр та аналогион æнтыстмæ æрцыд Бека Бердзенишвили, кæцы хыгъдæй 8-0 абырста белорус Юрий Рыбакы.
Æмтгæй райсгæйæ гуырдзиаг самбисттæ Минскъы европаг хъæзтытыл цыппар бронзæ, æртæ æвзист æмæ цыппар сыгъзæрин майдан рамбылдтой.