Салосы уынгыл спецоперацийы рæстæджы зианбаййафджытæ иухаттон æххуыс райсдзысты
Салосы уынгыл спецоперацийы фæстиуæг, зианбаййафджытæн баххуысы нысанæй, Тбилисы мунипалитеты мэрийы 2017-æм азы бюджеты резервон фондæй 17 500 лари рахицæн ис –уый фæдыл Тбилисы мэрийы расидæны ис фыст. «Тбилисы мэрийы æскъуыддзагæй, Исаны районы Салосы уынгыл цæрæг аст бинонтæн, кæцытæ 22-æм ноябры арæзт спецоперацийы фæстиуæг цæрæн бынæттæ бабын сты, алы æмбæстагыл иухаттон æххуысы хуызæй 500 лари уыдзæн лæвæрд. Æххуыс, Салосы уынгыл 6-æм базилæны №9 корпусы, æртыгкаг подъезды 1-3 уæладзыгы цæрджытæ 35 æмбæстаг райсдзæн. Уыдонæн баххуысы нысанæй, Тбилисы муниципалитеты мэрийы 2017-æм азы бюджеты резервон фондæй æнæхъæнæй 17 500 лари рахицæн ис» – сидынц сæйраг сахары мэрийы.