Саломэ Зурабишвилйиы инаугурацийы хайад райсдзæн Дунейы 55 бæстæйы 150-ы онг минæвар
Гуырдзыстоны фæндзæм президент Саломэ Зурабишвилйиы инаугурацийы церемонийы Дунейы 55 бæстæйы 150-ы онг минæвар райсдзæн хайад. Гуырдзыстонмæ æрцæудзысты бæрзонд рангы уазджытæ 20-æй фылдæр бæстæйæ, афтæдæр 16 æхсæнадæмон организацийы минæвæрттæ.
Саломэ Зурабишвилийы инаугурацийы церемонийы хайад райсдзысты: Сомихыстоны Республикæйы президент Армен Саргся, Францы раздæры президент (2007-2012)азтæ Николя Саркози æмæ хъаххъæнынады раздæры минстр æмæ социалон хъуыддæгты раздæры министр, Турчы Республикæйы вице-президент, Азербайджаны парламенты спикер, Сербийы националон ассамблейы спикер, Чехы сепубликæйы сенаты президент, Лиетувæйы сеймы спикер, Польшæйы сенаты маршал æмæ президенты канцелярийы къухдариуæггæнæг, министр, МОлдовæйы вице премьер-министр, Туркменийы базарады æмæ æддæ экономикон ахастыты министр, АРавийы Иугонд Эмиратты климаты ивды æмæ æрдзы министр, Белорусы республикæйы националон ассамблейы советы сæрдары хæдивæг, Израилы Кнесеты (парламент) вице-спикер æмæ фæсарæн хъуыддæгты министры фыццаг хæдивæг, ГУАМ-ы генералон нымæрдар, Украинæйы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, Хъиргизы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, АИШ-æй USAID-ы минæвар, Сыгъдæг Паддзахысæрмагонд минæвар, архиепископ.
Инаугурацийы мадзæлтты фæлгæтты Гуырдызстонмæ æрцæугæ бæрзонд рангы уазджытæ ауадздзысты кусæн фембæлдтæ Гуырдзыстоны президентимæ, æххæстгæнæг æмæ закъондæттæг хицауадты минæвæрттимæ.
Гуырдзыстоны президенты Саломэ Зурабишвилийы инаугураци абон Телауы ацæудзæн.