Саломэ Зурабишвилийыл, оппозицион партиты минæвæрттæ æмæ сæ фарсхæцджытæ Гуры протестон акцийæ амбæлдысты
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийыл, Гуры, цы ран президенты назы бæрæгбонон мадзал хъуамæ ацæуа, протестон акцийæ амбæлдысты. Централон фæзыл цалдæр оппозицион партийы Гуры организаций ы минæвæрттæ æмæ сæ фарсхæцджытæ плакаттимæ æрымбырд сты.
Назмæ хæстæг бацæуны фадат акцийы хайадисджытæн нæ раттой барадхъахъхъæнджытæ, кæцы быцæудзинамæ айрæзтис.
Гуырдзыстоны президент Гуырдзыстоны цæрджытæн, Цыппурсы æрлæууд, Гурæй раарфæ кæндзæн, цыппурсон концерт ацæудзæн Гуры централон фæзыл.
Президенты назы бæрæгбонон мадзалмæ бацæугæ сабитæн байуардзысты цыппурсон лæвæрттæ.