Саломэ Зурабишвили - Зын у уыцы бæстæйы президентæй уæвын, кæцы 27 æнусы дæргъы йæ ныхмæ лæууыд æндæр æмæ æндæр империтæн
Зын у уыцы бæстæйы президентæй уын, кæцы 27 æнусы дæргъы йæ ныхмæ лæууыд æндæр æмæ æндæр империтæн – Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили уый фæдыл «Евроньюсимæ» интервьюйы расидтис.
Гуырдзыстоны президент интервьюйы йæ ныхас райдыдта оккупацигонд Абхазы уцагъд а.х. президентон æвзæрстыты темæйæ. Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, Абхазы русификацийы политикъæ цæуы.
«Ацы а.х. æвзæрстытæ нымадмæ нæ исæм, абон уæвæг уавæрты. Фæлæ уырнæг дæн, иу бон, кæцы рæхджы æрлæудзæн, Гуырдзыстоны сырæздзæн æвзæрстытæ, кæцы аххæсдзæн Гуырдзыстоны æппæт территорийыл æмæ Абхазы цæрæг нæ æмбæстæгтæн дæр уыдзæн фадат хайад райсын, уыдон сывзардзысты фæсрмагонд регионы фидæн Гуырдзыстоны сконды» – райхъусын кодта Гуырдызстоны президент.
Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, хæсты æмæ оккупацийы нысан Гуырдзыстоны ныгуылæйнаг къурсы бауромын уыд,кæцы не æрцыд æмæ уый тыххæй Гуырдзыстон ацы тохы рамбылдта.
«Уæрæсеимæ дипломативон ахастытæ нæм нæй хæсты æмæ нæ территориты оккупацийы тыххæй. Æнæ иу хатт загхтон, цæмæй исты хуызы контактæн æнæмæнгхъæугæ у райсæм дырыс нысан, цæмæй Уæрæсейы ахаст йæ чысыл сыхагы æрдæм фæивдта. Уыдон хъуамæ басæттой цæмæй сыхæгтимæ ахастытæ аразын тыхæй гæнæн нæй. Кæд ацы ардæмадæй амонæн рахатдзыстæм, уырнæг дæн ситуаци ивд æрцæудзæен.
Зын у уыцы бæстæйы президентæй уын, кæцы 27 æнусы дæргъы йæ ныхмæ лæууыд æндæр æмæ æндæр империтæн. Ам бæстæйы территоритæ æндæр æмæ æндæр рæстæджы уыдысты оккупацигонд, æндæр æм æндæр империйы æрдгæй æмæ мах алцыппæтæй аирвæзтыстæм. Афтæмæй уырнæг дæн, цæмæй аирвæрздзыстæм æмæ адарддæр кæндзыстæм змæлд Европæйы æрдæм. Мах тынг стыр фæндаг рацыдыстæм» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.