Саломэ Зурабишвили - Зураб Жваниа уыцы афоны уыд европаг, бæстæ нырма дæр куы нæ лæууыд европæйаг фæндагыл афтæ фидар куыд абон
Зураб Жваниа дыууæ цæмæйдæр хицæн кодта, паддзахадæн кад кæнынадæй æмæ йæ европæйгадзинадæй – уый фæдыл Гуырдзыстоны æвзæрст президент Саломэ Зурабишвили, журналисттимæ ныхасы рæстæджы райхъусын кодта.
«Зураб Жваниа дыууæ цæмæйдæр хицæн кодта. Фыццаг паддзахадæн кад кæнынадæй. Уый хорз æмбæрста цы нысан кæны æмæ куыд хъуамæ райтынг уа паддзахад. Цæмæй ма уа баст æрмæст партион ратæдзæныл, фæлæ сæрйаг у паддзахаддзинады æндæр концепци, кæцы нæ абон сегнасæй фылдæр хъæуы. Дыккаг та, уыд европæйагдзинад. Зураб Жваниа европаг уыд уыцы афоны, бæстæ нырма дæр куы нæ лæууыд европæйаг фæндагыл афтæ фидар куыд абон. Уый хорз æмбæрсты цы нысан кæны европагдзинад» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Гуырдзыстоны раздæры премьер-мринистр, Зураб Жваниайыл абон 55 азы сæххæст уыдаит. Дидубейы пентеоны, Зураб Жваниайы уæлмæрдмæ, Саломэ Зурабишвили дидингуытæ бахаста.