Саломэ Зурабишвили – зонын, цæмæй ветойы сæрты ахиздзысты, фæлæ ницы уæлдай уæлдай у, уымæн æмæ уый сараздзынæн, уырнымæ рацæуæг адæмы номæй, цæмæй уынджы лæуд сын æдзæгъæлы ма уа
Зонын, цæмæй ветойы сæрты ахиздзысты, фæлæ ницы уæлдай у, уымæн æмæ уый аразын уынгмæ рацæуæг адæмы номæй, цæмæй уынджы лæуд сын æдзæгъæлы ма уа, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили рауагъдад «Еуроактивимæ» интерьвюйы райхъусын кодта.
Гуырдзыстоны президенты фидиуæнæй, зæгъгæ никæй уырны, цæмæй закъоны исты исты ивддзинадæн йæ бон у реалонæй фæивын ситуаци, кæнæ æрдæмад æмæ уый тыххæй дæр рацæуы ай йас адæм уынгмæ.
«Ацы закъон хуымæтæг закъонæй фылдæр нысан кæны. Æнæхъæнæй йæ мидисæй æмæ формæйæ, уый у Уæрæсейы закъоны æнгæм æмæ у æргом архайд тасы бафтауа æнæхицауадон æмбæстагон дзыллон организацитæ махæн иттæг нысаниуæгджын рæстæджы, раст 26 октябры æвзæрстыты агъоммæ. Йæ нысан дæр бæрæг у, уымæн æмæ ацы æнæхицауадон организацитæ баиу уыдзысты æвзæрстытæм цæстддардмæ. Ацы закъонопроект ивы махæн ныгуылæйнаг партнертимæ æмæ хæлæрттимæ ахастыты аууæлттæ, уымæн æмæ сæ нымайы диверсийы æмæ революцийы агенттыл, кæцытæ архайынц абоны хицауады раппарын. Уый нысанмæ исы растдæр уыцы организациты, кæцытæ сарызтой ацы бæстæ нæ хæдбарады моментæй, йæ фарс хæцынц демократон райрæзтæн, хъæууон хæдзарадæн, ахуырадæн æмæ æнæнизхъахъхъæдæн. Уымæ не æмбæлы наратив «сымах нын 30 азы æххуыс кодтат æмæ ныр та агенттæ стут». Бирæ гуырдзиаг, æхсæнады тынг стыр хай, ацы кæнæ æндæр моменты куыста æхсæнадæмон, европаг кæнæ америкаг организацитимæ.сæ нымæцы сты уыцы адæймæгтæ дæр, кæцытæ ныр сты хицауады, дæнцæн парламенты сæрдар, кæцы 15 азы дæргъы куыста немыцаг фонды. Сæ логикæйæ, уый сæ афтæдæр скæндзæн æндæвдады агенттæй», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Саломэ Зурабишвили афтæдæр дзуры, цæмæй тынг карз риторикæ хъуысы ныгуылæйнаг партнерты ныхмæ, сæрмагондæй банысан кæнинаг у Бидзина Иванмившилийы 29 апрелы ралæуд, кæцы зæгъæн ис, хæст расидын уыдис 30 азон партнертæн.
Саломэ Зурабишвилийы фидиуæнæй, иунæг, кæмæндæриддæр йæ бон у, фæивын абоны уавæры уæрæз сурæт, растдæр адæм сты.
«Мах сабырæй хъуамæ бацæттæ уæм æвзæрстытæм æмæ уыцы рольмæ, кæцыйы хъазын у йæ бон Евроцæдисæн. Уыдон хъуамæ раргом кæной, цы у Гуырдзыстоны æвзæрст æвзæрстытыл æмæ уый хъуамæ слæууын кæной ацы уавæрты. Кæнæ дарддæр кæны фæндаг Евроцæдисмæ æмæ йæ тагъддæр кæны, кæд уый гæнæн ис, кæнæ та æндæр æрдæм цæудзæн. Евроцæдис хъуамæ байхъуса æнæрмæст уынгтæм рацæуджытæм, фæлæ ма уымæ дæр, цæмæй цы зæгъдзæн адæм æвзæрстытыл, кæцы уыдзæн референдумы типы. Фæстиуджытæм гæсгæйæ, уымæй уыдзæн бæрæг, бауромдзысты æви нæ уыдон (Евроцæдис) визалиберализацийы кæнæ æндæр процесстæ», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Гуырдзыстоны президент афтæдæр банысан кодта, цæмæй хицауадимæ диалогы архæйдтытæ ис, фæлæ хицауадыл æууæнк нæй, уымæн æмæ æууæнчы уæвыны цауы, сæрæйдæр ацы къахдзф нæ сарызтаиккой.
Санкцитыл дзырды рæстæджы Саломэ Зурабишвили райхъусын кодта, цæмæй нæй гæнæн дзурын Гуырдзыстоны ныхмæ санкцитыл, куыд бæстæйыл, адæм уынгты европаг тырысатимæ куы протест кæнынц инициативæ, сæрмагонд санкцитыл та комментари нæ сараздзæн.