Саломэ Зурабишвили  - Зноны мæтæфтауæг сценæтæм нæкæсгæ, тыхдзинады фоныл, америкаг институттæ бахъом сты  сæ тых  æмæ  фæразондзинад  сбæлвырд кæнын
Саломэ Зурабишвили - Зноны мæтæфтауæг сценæтæм нæкæсгæ, тыхдзинады фоныл, америкаг институттæ бахъом сты сæ тых æмæ фæразондзинад сбæлвырд кæнын

Зноны  мæтæфтауæг  сценæтæм нæкæсгæ, тыхдзинады фоныл, америкаг  институттæ  бахъом сты  сæ тых  æмæ   фæразондзинад   сбæлвырд кæнын – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  фыссы  «Твиттеры».

Йæ ныхæстæм гæсгæ,  зæгъгæ  Гуырдзыстоны хъæуы демократон  дунейы лидерæй  фидар Америкæйы уæвын.

«30  аз у  АИШ æххуыс кæны   Гуырдзыстоны фæндагæн  сæрибардзинад æмæ  демократийы æрдæм. Махæн  АИШ цæвиттойнаг  у.

Зноны мæтæфтауæг  сценæтæм нæкæсгæ, тыхдзинады фоныл, америкаг  институттæ  бахъом сты  сæ тых  æмæ   фæразондзинад   сбæлвырд кæнын.

Гуырдзыстонæн демократон дунейы лидерæй хъæугæ у  фидар Америкæ» – фыссы Зурабишвили.

АИШ-ы архайæг президент  Дональд Трампы  фарсхæцджытæ 7 январы Вашингтоны  пъæлицæйы  кордон атыдтой  æмæ  Капитолийы  бæстыхаймæ  балæбурдтой, цы ран  Конгрессы  иугонд  рабадт цыдис.  Сессийыл   æвзæрстгæнджыты  коллегийы  хъæлæскæныны  фæстиуджытæ хъуамæ  сбæлвырд кодтаиккой. Змæстыты  тыххæй,  рабадт  æрурæдтой.  Вашингтоны  скусын кодтой  коменданты сахаты уаг.

Вашингтоны пъæлицæйы  бæрæггæнæнтæй, АИШ-ы  Конгрессмæ лæбурд  æмæ змæстыты фæстиуæгæн  цыппар адæймаг  амард.  Сæ нымæцы  иу сылгоймаг Капитолийы бæстыхайы æрцæугæ  æхсты амæттаг ссис.  Афтæма, Конгрессмæ лæбурды  фæстиуæгæн, пъæлицæйы  иууыл  цъус 14 офицер фæцæф сты.  52-йæ фылдæр  гоймагы барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой. 47  уыдонæй,    ахст æрцыд коменданты сахаты фæтксасты тыххæй.  Æрцахстуæвджыты  нымæцы  цалдæрæн  аххосаг бавдстæуыд  æхсæнгарз æнæзакононæй  хæссыны тыххæй.