Саломэ Зурабишвили Владимир Зеленскийы Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæхуыдта
Украинæйы ног президенты администраци, Владимир Зеленскийы æмæ Гуырдызстоны президенты Саломэ Зурабишвилийы фембæлды тыххæй информаци хæлиу кæны.
Украинæйы президенты пресс-куыстыхъусинагæй, Саломэ Зурабишвили Владимир Зеленскийæн æнтыстытæ ракуывдта президенты постыл. Йæхи æрдгæй Зеленский фембæлды рæстæджы йæ приоритеттыл фæныхас кодта.
«Цæмæн рацыд нæ къорд политикæмæ? Махæн сегасæй сæйраг рард у æхсты фæуромын Скæсæн Украинæйы, цы ран æрвылбойнонæй мæлынц адæм» – банысан кодта Владимир Зеленский.
Зеленскийы фидиуæнæй, Украинæ адарддæр кæндзæн фæдфæдон æддæ-политикъон курс, кæцы уагъд у Украинæйы суверенитеты æмæ территорион æнæхъæндзинады ногæй рацаразыны æрдæм æмæ евро-атлантикон интеграцийы рапарахат кæныны æрдæм.
Украинæйы президент афтæдæр банысан кодта, цæмæй йæ бæстæйæн иуæй-иу нысаниуæгджын быцæусидт у коррупцийы абырсын.
«Ацы фарстайы гуырдызстоны фæлтæрддзинад мæнæн дæнцон у» банысан кодта Украинæйы президент.
Фæрстæ афтæдæр фæныхас кодтой украинаг-гуырдзиаг дыууæфарсон ахастытыл æмæ стратегион партнерады фæарфдæры адарддæр кæныны фæдыл райхъусын кодтой.
Йæхи æрдгæй Гуырдзыстоны президент банысан кодта, цæмæй Украина æмæ гуырдзыстон хъуамæ ссиу кæной сæ позицитæ НАТО-йы уæнгдзинады æмæ евроинтгерацийы фæндагыл.
«Мах алкæмæ ноджы иу быцæусидт æнхъæлмæ кæсы – европарламенты æвзæрстытæ. Мах хъуамæ ссиу кæнæм Украинайы æмæ Гуырдзыстоны позицитæ евроинтеграцийы æмæ НАТО-йы уæнгдзинады фæндагыл».
Саломэ Зурабишвили Владимир Зеленскийы Гуырдзыстонмæ официалон визитæй фæхуыдта.