Саломэ Зурабишвили – уырны мæ   президент Макронимæ, кæронмæ бакæндзыстæм, Гуырдзыстоны тыххæй  Жискар-Д’Эстъэнимæ  райдайгæ  ныхас
Саломэ Зурабишвили – уырны мæ президент Макронимæ, кæронмæ бакæндзыстæм, Гуырдзыстоны тыххæй Жискар-Д’Эстъэнимæ райдайгæ ныхас

Гуырдзыстоны  президент   Саломэ Зурабишвили  фрацаг коллегæимæ, Эмануэл Макронимæ    фембæлды размæ  æрымысыд  70-æм азты   Францы  уыцы рæстæгон президентимæ  ныхас.  Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   Валери  Жискар-Д’Эстъэнимæ  æркæсинаг  фарстаты  бæсты, Гуырдзыстоны фæдыл райдыдта  ныхас.

«70-æм азты   фыццаг хатт куы фембæлдтæн  уыцы рæстæгон   президентимæ,  куыд францаг дипломат, уæд æркæсинаг   фарстайы  бæсты ныхас  райдыдтон Гуырдзыстоны тыххæй.

Валери  Жискар-Д’Эстъэны фæстæ  Франц  раивдат цалдæр президенты æмæ  сæ  алкæйимæ ныхасы рæстæджы,   Гуырдызстонæ æм Францы  ахастыты фæарфдæр кæнын кæддæриддæр уыдис сæйраг темæ  фæнæн.

Уый мæнæн  иуæй-иу  историон  бæгъдуан у æмæ ныр,   бынтон æндæр статусæй  куы æмбæлын   президент  Макронимæ,   уæд мæ уырны цæмæй   Жискар-Д’Эстъэнимæ  райдайгæ  ныхасы кæронмæ бакæндзыстæм.

Францмæ мæ визит  нæ диаспорæимæ  фембæлдæй   райдайдзæн» –  банысангонд у  Саломэ Зурабишвилийы  фидиуæны,   кæцыйы  публикаци кæны  «Фейсбук» фарсыл.

Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили  Францы  Республикæмæ  визиты 17-æм  февралы райдайдзæн. Эммануэл Макронимæ фембæлды фæстæ,   дыууæ бæстæйы  президенттæ  къух бафысдзысты æмкуысткæнынады    декларацийыл  «Францаг-гуырдзиаг Димитри  Амилахварийы номыл диалогы бындурæвæрды  фæдыл, кæцыйы  бындурыл бæстæты æхсæн диалогмæ лæвæрд æрцæудзæн   институцион   равг æмæ   бынтон ног этапмæ  ахиздзæн.