Саломэ Зурабишвили - Уæрæсеимæ диалог æнæруадзгæ у, уæдмæ цалынмæ Гуырдзыстоны территоритæ оккупацигонд сты
Уæрæсеимæ диалог æнæруадзгæ у, уæдмæ цалынмæ Гуырдзыстоны территоритæ оккупацигонд сты. Ацы фидиуæн Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвили сарызта euradio.fr-имæ интервьюйы рæстæджы.
«Уæдмæ цалынмæ Уæрæсейы хицауадæй нæ рацæудзæн сигнал, цæмæй Мæскуы цæттæ у, оккупацион хахх ахæца, афтæдæр нæй ницы нысан нæ æмцæдисон америкæгтæй æмæ европæйæгтæй, уæдмæ, мæнмæ гæсгæ Уæрæсеимæ диалогмæ иунæгæй бацæуын дзæгъæлы уыдзæн. Æз не уынын кæдæм нæ бакуæндзæн ацы фæндаг, кæнæ та цы пайда у Путинмæ диалогæн, кæцыйы архæйдтытæ тызмæгæй тиызмæгдæр кæнынц. КУыд дипломат, хъуыды кеæнын цæмæй диалогыл нæ зæгъæн гæнæн нæй, кæд нæ фæстиуæгмæ æрцæуын фæнды уæд, фæлæ æнæмæнгхъæугæ у, уа æмбæлон контекст æмæ уа æнæмæнгхъæугæ скæнæг элементтæ»- хъусын кæны Зурабишвили.
Гуырдзыстоны президент куыд дзуры афтæмæй, абон Уæрæсеимæ дипломативон ахастытæ сног кæнын гæнæн нæй. Фарстыл зæгъгæ цæмæн дарддæр кæны Уæрæсе йæ агрессивон архæйдытытæ, Саломэ Зурабишвили дзуапп дæтты, цæмæй зæгъгæ «Мæскуыйы æндæр ницы æрхъуыды кæнын хъом не сты».
«Уæрæсейы хицауад даргъ кæны империон æмæ уый ф æстæ та советон хахх – ныддих кæн æмæ сын схицау кæн. Уыдонмæ альтернативон политикъæ нæй» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.