Саломэ Зурабишвили - Уæрæсе нæ бахъом ис, Гуырдзыстон тыхыбын бакæнын, иу сантиметрæй дæр аиуварс уыдаит НАТО æмæ Европæйы æрдæм къурсæй
Немыцаг рауагъдад «Шпигель» Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы тыхæхй стати публикаци кæны сæргондæй – «Æрвылбойнон провокацитæ, Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Путины тыххæй, йæ бæстæйы евроцæдисмæ тырнынад æмæ уый фæдыл, цæмæй куыд ссис францаг, бæстæйы сæргълæууæгæй Кавказы». Саомэ Зурабишвилиимæ интервью ныффыста Кристиан Эш.
Саломэ Зурабишвили интервьюйы куыд дзуры афтæмæй, Европæ уыцы бæстæты пекрспективæйæ, кæцыты йæ уæнг суæвын фæнды, бынтон æндæргъуызон зыны зæгъгæ.
«Уыдон та, æцытæ ныридæгæн уæнгтæ сты, арæх Европæйæ фæлладгомау сты æмæ æвдисынц æнæбыхсындзинад, хаттæй хатт тарстгомау дæр сты. Мах та кæцытæ сæм æддæйæ кæсæм, фæстæмæ зæрдæскъæфт стæм» – райхъусын кодта Зурабишвили.
Фарстыл, зæгъгæ Гуырдзыстонæн, Украинæйы æнгæс проблемæ ис – политикъон элитæйы Евроцæдис æмæ НАТО-йы уæнг суæвын фæнды, фæлæ иурæстæгонæй Уæрæсеимæ текрриторион дауутæ не нцайынц, Зурабишвили дзуапп дæтты: «Гуырдзыстоны æрмæст элитæ нæу ахæм хъуыдйыл. Цæрджыты æхсæн дæр уæрæх консессус ис ацы фарстамæ гæсгæ. Адæмæн сæ бон у уый зæгъын дæр: ай тынг даргъ фæндаг у æмæ искуы бахæццæ уыдзыстæм нæ мысанмæ? Фæлæ фыццаджы дæр, фæндон, Европæйы хай уæм, тынг арф ауагъдта уидæгтæ нæ хæзнаты; æмæ дыккаг, мах æндæр перспективæ Гуырдзыстонæн нæ уынæм» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
«Шпигелы фарстыл, рæстæгы цахæм скуыддзаджы æнхъæлы Гуырдзыстоны президент Евроцæдисы кæнæ НАТО-йы уæнгæй суæвыны перспективæмæ, Саломэ Зурабишвили банысан кодта, цæмæй зæгъгæ Евроцæдисы ауæрæх кæныны уынаффæ ныр æмæ æввахсдæр фидæны дæр реалистон нæу. Афтæма банысан кодта, цæмæй цас парадоксалон дæр ма уа, ныр Гуырдзыстонæн Евроцæдисимæ æрыввахсы хуыздæр шансытæ ис дыууæ-æртæ азы размæ уавæримæ абаргæйæ.
«Евроцæдисмæ цæст рагæй фæстæмæ дарын, сæрæй йæ мидæгæй, стæй та æддæйæ, æмæ уый тыххæй зонын, цæмæй æцæгдæр йын зын кæны егъау уынаффæ рахæссын – кризисон периодтæй уæлдай. Фæлæ ныр махæн ис тынг серьозон кризис Брекситы æмæ популизмы тыххæй. Евроцæдис лæууы быцæусидты раз. Брекситы тыххæй уый йæ æддæ ахастытæн ног формæтæ агурæг фæцис æмæ гæнæн ис Гуырдзыстон йæ æмкуысткæнынады формат дæр ссара. Гуырдзыстоны цæрджытæн нысаниуæгджын у, уа сын уый æнкъарæн, цæмæй нæм ис динамикæ. Ратсдæр афтæ Евроцæдисы сыхагон полиикъæйы фæлгæтты, ассоциацидзинады, сæрибар базарады æмæ визалиберализацийы цауы куыд уыдис афтæ» – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.
Кристиан Эшы фарстыл, зæгъгæ раарфæ йын кодта Саломэ Зурабишвилийæн Гуырдзыстоны президентæй суæвын, Владимир Путин, Зурабишвили дзуапп ратта цæмæй нæ раарфæ кодта зæгъгæ.
«Нæйы. Дипломативон ахастытæ нын нæй»- банысан кодта Саломэ Зурабишвили.
«Шпигелы» журналист абцымидис кодта, цахæм ахастытæ йын ис ныр Гуырдзыстонæн Уæрæсеимæ.
Саломэ Зурабишвилийы ныхæстæм гæсгæ, «Уæрæсе нæ бахъом ис, Гуырдзыстон тыхыбын бакæнын, иу сантиметрæй дæр аиуварс уыдаит НАТО æмæ Европæйы æрдæм къурсæй».
«Хорз уый у, цæмæй Уæрæсе нæ бахъом ис, Гуырдзыстон тыхыбын бакæнын, иу сантиметрæй дæр аиуварс уыдаит НАТО æмæ Европæйы æрдæм къурсæй. Уый та Уæрæсейы алы къахдзæфы иунæг нысан уыд. 2008 азы хæст, Уæрæсейы базхæты арæзтад, Абхазы руссификаци, оккупацион арæнты сындæггай рахæцын – алцыппæт уый, нын нæ хъуыды нæ фæивын кодта. Æвзæр та уый у æмæ, уавæр салдгомау у. Нæ бон у алцыппæт бацархайын, цææмй уавæр ма фæфыддæрдæр уа. Уæрæсейæн йæ бон нæу Гуырдзыстоны раивын æмæ Гуырдзыстонæн та йæ бон нæу оккупацигонд территоритыл уавæр раивын» – райхъусын кодта Зурабишвили.
Журналист банысан кодта, цæмæй фæсарæн хъуыддæгты министры рангы, Саломэ Зурабишвили Уæрæсеимæ бадзырдтæ æнтыстджынæй уагъдта; «2005 азы Уæрæсе цæттæ дæр уыд Гуырдзыстонæй æфсæддон базæты ракæнын».
Гуырдзыстоны президенты дзырдæй, «Йеуæд ай æндæр Уæрæсе уыд. Бирæ цæмæй дæр фылдæр прагматон уыд. Ныр Уæрæсе фылдæр идеологион паддзахады тæлмæн уадзы, кæцы æвзæрын кæны быцæусидтытæ. Мæскуы абон хъуыды кæны, цæмæй ацы агрессивон, стырзæрдæ позиций пайдаджын у. Мæн та уый нæ уырны, уæлдайдæр дæргъвæтин перспективæйы» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
Интервьюйы тæлмац ахæлиу кодта Гуырдзыстоны президенты администраци.