Саломэ Зурабишвили – тыхмидзинад нæрайсгæ у, фауын абон айтынггонд фæзындтæ, тыхмидзинады цыфæнды хуыз æмæ формæйæ равдыст
Тыхмидзинад нæрайсгæ у, фауын абон айтынггонд фæзындты æмæ тыхмидзинады кæцыфæнды хуыз æмæ формæйæ равдисын, адæймæгты сурын хъауджыдæргонд хъуыдыйы, кæнæ гендерон идентондзинады тыххæй, – уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилийы фидиуæны мидæг дзырдæуы.
Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ алкæмæ ис бар, сæрибарæй равдисæт сæ хъуыды.
Уыйимæ иумæ, Саломэ Зурабишвили сиды алкæмæ, архайæт конституцийы фæлгæтты æмæ радикалон архæйдтытæй ма цырын кæнæт тыхмидзинад.
«Тыхмидзинад нæрайсгæ у, фауын абон айтынггонд фæзындты æмæ тыхмидзинады кæцыфæнды хуыз æмæ формæйæ равдисын, адæймæгты сурын хъауджыдæргонд хъуыдыйы, кæнæ гендерон идентондзинады тыххæй. алкæмæ ис бар, сæрибарæй равдисæт сæ хъуыды!
Сидын алкæмæ хиуромындзинадмæ, архайæт алчи конституцийы фæлгæтты æмæ радикалон митæй ма цырын кæнæт тыхмидзинад», – дзырдæуы фидиуæны.
Уымæй уæлдай ма Саломэ Зурабишвили банысан кодта, цæмæй зæгъгæ нæрайсгæ у медиафæрæзты минæвæртты ныхмæ тыхмидзинад æмæ профессион куысты бахъыгдарыны факттæ, афтæма Æхсæнадон органищациты офистæм бырстытæ.
«Сидын уæм алкæмæ хиуылхæцынхъомдзинадмæ, æмбæлгæ оргæнтæм та, æхсæнадон сæрфад хъахъхъæды ифтонг кæнын æмæ кæцыфæнды тыхми кæрон скæнынмæ! Нæрайсгæ у цыфæнды хуызы удцырын кæнын, кæцы ахъаз у радикалон архæйдтытæн, æхсæнады поляризацийæн, цырын кæны быцæудзинад, знаггад кæны бæстæйын, тас хæссы паддзахады стабилондзинадæн!», – дзырдæуы фидиуæны.