Саломэ Зурабишвили - тахтыты сног, «ФСБ»-ы бæрзонд гæсты æнæкуылымпыйæ  æрцыд, уырыссаг  науты дыууæрдæм змæлд, Сталины нываргъуаны, уый æппæтæн сæ нысан у фыдзæрдæдзинад сцырын кæнын, дестабилизацийы тас расайын
Саломэ Зурабишвили - тахтыты сног, «ФСБ»-ы бæрзонд гæсты æнæкуылымпыйæ æрцыд, уырыссаг науты дыууæрдæм змæлд, Сталины нываргъуаны, уый æппæтæн сæ нысан у фыдзæрдæдзинад сцырын кæнын, дестабилизацийы тас расайын

Парламенты трибунæйы  цур абон фæстаг  хатт  нæ  лæууын, фæлæ ацы трибунæйы цур  фыццаг  хатт лæууын, куыд  Евроцæдисы кандидат бæстæйы  президент, –  афтæ райдыдта  парламенты  афæдзон хыгъдлæвæрды  бавдыст Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили.

Саломэ Зурабишвили  куыд  банысан кодта афтæмæй,  2023 аз, кæцы  стыр æнтыстæй  æмæ ног  ныфсæй фæцис, расидты æмæ зындзинæдтæй цух  нæ уыдис.

Президенты фидиуæнæй,  расидтытæ баххæссыдысты  æдасдзинады сферæмæ, Украинайы  Уæрæсейы райдайгæ  хæсты параллелонæй, Уæрæсе  Гуырдзыстоны ныхмæ гибридон хæсты ног  бырсæнцыд куы райдыдта.

«Очамчирейы æфсæддон базæйæ скæныны Уæрæсейы планæн йæ ныссан  уыд  Сау Денджызы, нæ территорион дæтты конфронтаци рахæссын  æмæ уымæй  Сау Денджызы  стратегион  перспективæйæн   тас  саразын.

Оккупацигонд территоритыл мобилизаци райхъусын кæнын, анексийы æрдæм къахдзæфтæ Очамчирейы порты, Бичъвинтайы  падзахадон    резиденцийы æмæ Сухумы  Бабушерйы аэропорты  хибакæнын),  адæймаджы барты ницæмæ дарын, культурæйы æмæ  идентондзинады скуынæг.

Оккупацион  хаххы цур та,  дарддæр кæны  цæрджыты иудадзыг тæрсын кæнын, æлхъывд, скъæфтытæ æмæ марындзинад. Паддзахады масштабæй цæуы  антиныгуылæйнаг  æмæ псевдоиудинондзинады пропагандæ, проуырыссаг  къордты удцырын кæнын/финансдзинад, паддзахадон институттæм кибербырстытæ фæарæх – уый  амонæг сты, цæмæй  цæй æнхъæл хъуамæ уæм æвзæрстытæй.  Гибридон хæсты категорийы фыст цæуы  массивон уырыссаг  миграци, кæцы  экономикæйыл комкоммæ æндæвдад скодта æмæ æмтгæй  райсгæйæ  райрæзын кодта бæстæйы дæлбардзинад уырыссаг æхца æмæ  базарыл, куыд уырыссаг капиталы хай бæстæйы. Афтæма гибридон стратегийыл бындурæвæрд  у рæнхъ  æндæр æмæ æндæр провокацитæ:  тахтыты сног, «ФСБ»-ы  æмæ æндæр бæрзонд гæсты  æнæкуылымпыйæ  æрбацыд, уырыссаг круизон науты æрбахызт  Батумы, Сталины  ныв  Самебайы аргъуаны, уый æппæтæн сæ нысан у, дзыллæйы  фыдзæрдæдзинад сцырын кæнын, фæбыцæу кæнын æмæ   дестабилизацийы тас расайын», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Парламенты Гуырдзыстоны президенты афæдзы хыгъдлæвæрдмæ хъусынц.  Рабадтыл сты премьер-министртæм  æмæ министртæм кандидаттæ, патриархаты  æмæ  дипломативон корпусы минæвæрттæ.