Саломэ Зурабишвили – Страсбургмæ ацæуын куы сфæнд кæнон, раздæрау, развæлгъау уын зæгъдзынæн, цæмæ цæуын, кæимæ фембæлын, ам уыдзынæн æмæ иннæ æвзæрстытæм иумæ бацæттæ кæндзыстæм
Салам дæттын гуырдзиаг æхсæнадæн, кæцыйы зæрдæ абон риссы æмæ мах иууылдæр хъуамæ риссæм, уымæн æмæ абон Гуырдзыстоны парламент нал ис, æмæ Парламент кæнæ хицаугæнæг командæ, иу парти ницæмæ дардта Конституци, уыдонæн тынг хъыг у, – Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили видеосидты рæстæджы расидтис.
Зурабишвилийы ныхасмæ гæсгæ, абон алцыппæт фæсивæды бæрны ис.
«Фыццаджы дæр мæ хъыг у Къобахидзе куыд ацы конституцийы фыссæг. Афтæ зыны, цыма цыдæртæ банымайын йæ бон нæ баци, æндæра йæ конституци уæлæмæ æрзилын нæ бахъуыдаид. Æз тæригъæд кæнын æппæт уыцы парламентаритæн, кæцытæ абон бадынц уазал цæсгæмттæй, зонгæйæ, цæмæй уыдон сты фальсификацигонд æвзæрстыты фæстиуæг. Уымæн æмæ зонынц, цалдæр мæйы кæнæ цалдæр къуырийы æхгæд кæй уыдзысты ацы агъуысты, цыран сæ иуæн дæр бартæ нæй. Диссаг мæм кæсы Гуырдзыстон, цы ран адæм кæрæдзийæн арфæ кæнынц куыд абон федтам кадртæ, кæцы æцæгæйдæр худинаг у æмæ историмæ бацæудзæн куыд худинаг кадртæй адæймæгтæ кæрæдзийæн арфæ кæнынц кæнæ зонгуытыл лæууынц. Уый бæсты дæу нæ фæаххосджын кæнын, не ’хсæнад, кæцы лæууы, кæм хъуамæ лæууа æмæ кæд хъуамæ лæууа, уый. Æз нæ фæсивæдæн тæригъæд нæ кæнын, уымæн æмæ фидæн сæ къухты ис æмæ хъуамæ сæхи афтæ бацæттæ кæной, цæмæй æрмæст фидæн сæхи нæу, фæлæ хæрз тагъд рæстæджы ацы бæстæйы къæлæт райсой. Кæд иу хъуыддаг уынæм, уæд уый у, æмæ дæ рæстæг æрцыд. Абоны Парламенты цы зæронд бонтæ æвдыст цæуынц, уыдон æцæгæйдæр ахицæн сты. Æнæмæнгхъæугæ у, цæмæй ацы бæстæйы фæзына ног фæлтæр, ног политикон тыхтæ, уымæн æмæ хæрз тагъд рæстæг æрцæудзæн ног æвзæрстытæн, кæцытæ хъуамæ уагъд æрцæуой ног хуызы, Каландаришвилийы хуызы нæ, фæлæ сæрибар æмæ рæстагæй , æмæ ацы рæстæг æцæгæйдæр æрцæуы», – расидтис Зурабишвили.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныртæккæ сæйраг хæс у, цæмæй алчидæр иумæ лæууа.
«Нæ сæйраг хæс абон нæу æрвылбон кæмдæр лæууын, сæйраг хæс у цæттæ кæнын». Кæд цæттæ кæнæм, уæд хъуамæ ныфс дарæм нæхицæн, нæ партнертæн, кæцытæ æцæгæйдæр цæттæ не сты Гуырдзыстонæй ацæуынмæ æмæ ныфс дарæм, цæмæй ацы фидæн у ацы бæстæйæн æмæ не ‘ппæтæн дæр иумæ. Раздæрау Страсбургмæ ацæуын куы сфæнд кæнон, уæд уын рагацау зæгъдзынæн, цæмæн цæуын, кæимæ фембæлдзынæн, цы кусдзынæн æмæ куыд æрыздæхдзынæн. Æз уыдзынæн ам æмæ нæхи иумæ бацæттæ кæндзыстæм фидæн æвзæрстытæм», – расидтис Зурабишвили.