Саломэ Зурабишвили – Сом Гуырдзыстоны Европаг фæндагæн у ахсджиаг бон, ацы боны размæ та парламенты айтынггонд фæзындтæ бæстæйæн знаггадгæнæг æмæ нæрайсгæ сты
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили абон парламенты айтынггонд фæзындты кой кæны æмæ банысан кодта,цæмæй Батуммæ Европаг Советы æмæ «Хурыскæсæн партнерады» ассоциацигонд бæстæты – Украина æмæ Молдовайы президенттæ æрцæудзысты, ацы нысаниуæгджн боны размæ та Гуырдзыстоны парламенты айтынггонд фæзындтæ бæстæйæн сты знаггадгæнæг.
«Сом, Гуырдзыстонæн, йæ Европаг фæндагæн, Евроцæдисы уæнгсуæвын æмæ бæстæйы дарддæры рæзынадæн у ахсджиаг бон! Батуммæ Европаг Советы æмæ «Хурыскæсæн партнерады» ассоциацигонд бæстæты – Украина æмæ Молдовайы президенттæ æрцæудзысты! Ацы нысаниуæгджн боны размæ та Гуырдзыстоны парламенты айтынггонд фæзындтæ бæстæйæн сты знаггадгæнæг æмæ æмтгæйонæй нæрайсгæ у!
Цыфæнды цауы, раст нæу адæймаджы барты халын æмæ уæлдайдæр та парламенты, кæцы фидар кæны адæймаджы барты хъахъхъæдæн закондæттæг бындур æмæ кæцы хъуамæ уа цæвиттойнаг æхсæнадæн!
Медиимæ кусæн ахастыты режим аскуыды тыххæй куы зæгъæм уæд цыфæнды критикон позицимæ нæкæсгæйæ, алчи разы стæм, цæмæй бæстæйы дзырды æмæ хъуыды равдысты сæрибардзинад хъахъхъæд хъуамæ уæд æмæ медийæн æнæкуылымпыйæ кусыны фадат хъуамæ уа! Сом Батумы æхсæнадæмон конференцийыл æмæ лидерты фембæлдыл уыдзæн уынаффæ нæ бæстæйы иу альтернативæ цæмæн нæй ахæм æвзæсртыл – Европæйы æрдæм фæндагыл! Æртæ ассоциацигонд бæстæ, къух фыссынц иуæймаг декларацийыл! Нæ фæндон, уæм Европаг бинонты уæнг, хъуамæ сфидар кæнæм хъуыддагæй дæр æмæ раст уый афон у райсом!» – дзырдæуы Сломэ Зурабишвилийы фидиуæны.