Саломэ Зурабишвили – сидын фидæн премьермæ, сымахимæ асоциргонд у  Гавриловы æрбауадзын  парламентмæ, Мишелы документы фехалын, антиевропаг риторикæ, куыд хъавут æхсæнады европаг заказы сыххæст кæнын
Саломэ Зурабишвили – сидын фидæн премьермæ, сымахимæ асоциргонд у Гавриловы æрбауадзын парламентмæ, Мишелы документы фехалын, антиевропаг риторикæ, куыд хъавут æхсæнады европаг заказы сыххæст кæнын

Сæйраг хæслæвæрд æмæ бæрн æвæрд цæуы, кæй къухты ис  хицаудзинады алы мæцъис, хицауадыл,  апрламентон фылдæртыл æмæ нырид, сæ  хицауыл, Бидзина Иванишвилийыл,  уыдон  коллективонæй æмæ сæрмагондæй  хæсджын сты  Евроцæдисы фараст  рекомендацийы  ацытæккæйæ  сыххæст кæнын –  уый фæдыл Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  парламенты афæдзон хыгъдлæвæрды  бавдысты рæстæджы райхуъсын кодта.

Саломэ Зурабишвили куыд   банысан кодта афтæмæй,  уый куыд   бæстæйы  президент, рагафон не ссаргъ кæндзæн  фидæн премьерæн.

«Æз куыд  ацы бæстæйы  президент,  рагафон не ссаргъ кæндзынæн  ног  кæнæ фидæн премьерæн, нæдæр уымæн, цæмæй цы нысан кæны  иуы æрбацыд, иннæйы ацыд  æмæ æртыккагы удцырын кæнын, фæлæ  хæсджын дæн, ацы трибунæйæ айзæлын кæнон, æхсæнады цы тыхсын кæны æмæ цæуылдæр дзуапп райсын у  сæ бар – уый. Ахæм бæрн æхсæнады раз  демократийы сæйраг принцип у.  Сидын  ног кæнæ  фидæн премьермæ –  сымахмæ,  кæйимæ дæр ассоциргонд у Гавриловы æрбауадзын парламентмæ, Шарль Мишелы  документы фехалын, антиевропаг  риторикæ  æмæ импичмент, куыд хъавут æхсæнады европаг  заказы  сыххæст  æмæ сæрмагондæй, рекомендациты æвзæрстыты онг  сыххæст кæнын?

Бавдисдзыстут æви нæ план:  кæцыйы дырысæй  æмæ æмгъуыдты  уыдзæн фыст, куыд фæивдзыстут  юстицийы  бæрзонддæр  советы æмæ сæйраг  тæрхондоны  сконды; кæцыйы фыст уыдзæн, куыд сифтонг  кæндзыстут  консессусæй æвзарæнон админстрацийы  комплектдзинад;  цы ран антикоррупцион  куыстæн   ратдзыстут фæдагуырд ауадзыны  бартæ  æмæ  хæдбарад;  кæцыйы  сифтонг кæндзыстут националон банкы   хæдбарад æмæ куыд æрыввахс уæм   Евроцæдисы  æддагон æмæ æдасдзинады  политикæмæ.  Фæлæ æхсæнады  фарстаты сæйраг  адресат  абон нæдæр премьер у, нæдæр  парламенты æмæ нæдæр  хицаугæнæг партийы сæрдар, фæлæ уый, чидæриддæр реалонæй  хицау кæны бæстæйы», –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.