Саломэ Зурабишвили сиды Володимир Зеленскимæ – Гуырдзыстон  абон  сымахимæ  иумæ бæрæгбон кæны Украинайы Хæдбардзинады  бон
Саломэ Зурабишвили сиды Володимир Зеленскимæ – Гуырдзыстон абон сымахимæ иумæ бæрæгбон кæны Украинайы Хæдбардзинады бон

Гуырдзыстоны президент  Саломэ Зурабишвили  Украинайæн  арфæ кæны хæдбардзинады боны фæдыл.

Саломэ Зурабишвили  видеосидты куыд банысан кодта афтæмæй,  Гуырдзыстоны ацы бон  Украинайæн йæ фарсмæ лæууы.

«Зынаргъ президент, зынаргъ украинаг хæлæрттæ, Гуырдзыстон  уæ фарсмæ лæууы  абон, ацы  хæдбарады бон.  Гуырдзыстоны фæнды сымахимæ иумæ сбæрæгбон кæнын  уæ хæдбарад, кæцыйæн афтæ  æхсарджынæй  тох кæнут афæдз æмæ æрдæгы дæргъы.  Мах уæ фарсмæ  уыдзыстæм уæ  уæлахиздзинады бон.  Арфæ уын кæнæм  Хæдбарады боны  фæдыл!»  – хъусын кæны Саломэ Зурабишвили.