Саломэ Зурабишвили – сегасдæр стыр æнамонддзинад у, бæстæйы генералон прокуррор «ФСБ»-ы агент куы у уый, домын, æхсæнадæн фылдæр дзуаппытæ раттæт деталон фæдагуырдæй
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили АИШ-ы æрдгæй санкциргонд Отар Парцхаладзейы хъуыддагыл фæдагуырд райдайын куры. Зурабишвили куыд райхъусын кодта афтæмæй, æхсæнадæн деталон дзуаппытæ раттын хъæуы.
«Æнхъæл дæн, цытджын Каха (Каладзе) загъта, цæмæй сегасдæр стыр фыдбылыз дам у Европæмæ мæ визиттæ, нæйы Каха, сегасдæр стыр æнамонддзинад уый у, æмæ дæ бæстæйы генералон прокуррор «ФСБ»-ы кæнæ «КГБ»-ы агент куы у, уый. Уый у сегасдæр стыр æнамонддзинад æмæ уымæй фыддæрдæр фыдбылыз та уый у, уый тыххæй куы нæ сыстад тыхстызмæлд алы уыцы уагдæтты, кæцытæ фæдагуырд хъуамæ уадзой æмæ абон бæрн раст уыдоныл ис æвæрд. Домын, цæмæй æхсæнадæн лæвæрд уæд дзуаппытæ деталон фæдагуырдæй, уый куырдиат нæ фæлæ домæн у», – райхъусын кодта Гуырдзыстоны президент.
Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ Парцхаладзейы æмбæстагады фарстайы фæдыл президенты администрацимæ ницы информаци æмæ куырдиат æмбæстагад аивыны фæдыл нæ бацыд.
«Цавæрдæр æмбæстагадыл уыд акценттæ. Махмæ не рбацыд ницы информацийы уый фæдыл, нæдæр æркуырд æмбæстагад аивыны фæдыл. Ацы æрдгæй искæй æфсон фæкæнын нæ рауайдзæн. Бæрæг у, кæм ис бæрн.
Цалынмæ Базелмæ ацыдаин, фембæлдтæн АИШ-ы минæварады кусæгимæ, цæмæй базыдтаин, се рдгæй цы бæрæггæнæнтæ уыд. Æнхъæл дæр дзæбæх уыдаит, цæмæй растдæр уыцы уагдæттæ, кæцы сты бæрнон ай æппæтыл, дзуаппытæ нын афоныл раттой. Бæрæггæнæнтæ æмæ бæлвырдгæнæнтæ ис! Ницы куры АИШ-æй, цæмæй ноджы фылдæр бæлвырдгæнæнтæ нын раттой, мæнмæ гæсгæйæ, алцыппæт у бæрæг. Фæдагуырд ам хъæуы ауадзын. Ам сты уыцы хыгъдтæ æмæ бауроминаг æмæ алцыппæт у саразинаг уый тыххæй, цæмæй бæстæ йæ цæсгом æмæ репутаци ма фесафа. Бæстæ нæ фæлæ, уыдæттыл бæрнон чи у, уый», – рахйъусын кодта Саломэ Зурабишвили.