Саломэ Зурабишвили -  Сæйраг у Дунейæн равдисæм,  цæмæй  нæ  равзæрст æнæфæцудгæ у
Саломэ Зурабишвили - Сæйраг у Дунейæн равдисæм, цæмæй нæ равзæрст æнæфæцудгæ у

Сæйраг у, ног фадæтты æмæ   æртхъирæнты фоныл,  зонæм, цы нæ  хъæуы æмæ  куыд, цы  аргъдзинæдтæ нæм ис.   Сæйраг у  равдисæм  дунейæн, фæнды   сæхæдæг  гуызавæ  кæнæд, цæмæй   дарддæры  къахдзæфтæ саразыны фæдыл нæ  равзæрст у æнæфæцуудгæ, –  уый фæдыл Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  конференцийыл –  «Æдасдзинады ног архитектурæ  Европæйы æмæ йæ тæфаг Гуырдзыстоныл», –  дзырдæй ралæуды  рæстæджы райхъусын кодта.

Афтæма йæ  дзырдæй, зæгъгæ   ацы  нысаны алыварс  алы  тыхтæ хъуамæ баиу уæд, æнæрмæст дзырдæй, фæлæ ма  хъуаддагæй. Саломэ Зурабишвили  куыд дзуры афтæмæй,  политикон   амбицитæй   цæугæ  быцæуздинад æрмæст бæстæйы  интересты  ныхмæ  нæу.

«Нæ раз гом  кæны  тынг стыр перспективæ, нæ геополитикон   уавæры æмæ нæ  тассагдзинадмæ  гæсгæ, кæд бафæраздзыстæм нæ   бынат фенын æмæ сфидар кæнын.  Нæ бон нæу  уый  рагафонмæ  базонын  цавæр реакци уыдзæн   Уæрæсейæн,  моралон   састы  æмæ изоляцийы фæстиуæгæн, кæцы, гæнæн ис,  рæнæуæггонд   агрессийæ  раздæха   æндæр сыхæгтæм, сæ нымæцы  Гуырдзыстонмæ дæр, цæй  æртхъирæн  дæр ис, фæнды  референдумæй.  Сæйраг у, ацы ног  фадæтты æмæ æртхъирæнты фоныл,  зонæм,  цы æмæ нæ куыд фæнды, цавæр сты нæ аргъдзинæдтæ. Уый  нысан кæны, цæмæй ацы  нысаны  алыварс хъуамæ баиу уа  алчи, æнæрмæст дзырдæй, фæлæ ма хъуыддагæй  дæр!  Политикон амбицитæй  сæвзæргæ  бынцæудзинад  знаггадгæнæг  у  æнæрмæст бæстæйы интерестæн, фæлæ ма сæхæдæг  ацы  партитыл æууæнкæн дæр. Хицауады æмæ оппозицийы  цыфæнды  къахдзæф  ацы нысанæн  хъуамæ   архайæд  æмæ йын  ма знаггад кæнæд. Нысан хъуамæ уа тынг   дырыс  æмæ  дызæрдыгкæнинаг  ма уа  нæ равзæрсты æмæ  æрдæмадты тыххæй.  Æрмæст афтæ сфидар кæндзыстæм нæ бынат Европæйы, æрыздæхдзыстæм нæхимæ æмæ уыцы фидæнмæ, кæцыйы  аккаг стæм», – загъта Саломэ Зурабишвили.