Саломэ Зурабишвили – Размæцыд гæнæн ис, æрмæстдæр иудзинады æмæ  нысаны рдæм æмуаг змæлгæйæ
Саломэ Зурабишвили – Размæцыд гæнæн ис, æрмæстдæр иудзинады æмæ нысаны рдæм æмуаг змæлгæйæ

 

Уымæ нæкæсгæ ома, иудадзыгæй, мидæгæй æви æддæйæ,   бæстæйы    хъыгдардтой  цæугæ   национ æмæ демократон процесстæ,  никæмæн бантыстис  тыхыбын бакæнын цæмæй нæзагъд ракодтаиккам   нæ сæйраг  демократон  хæзнатыл,  кæцытæ 1921 азы   конституци  сфидар кодта – уый фæдыл Гуырдзыстоны преиздент, Саломэ Зурабишвили  парламенты  Гуырдзыстоны Фыццаг Конституци 100 азы юбилеймæ нывонд  бæрæгбонон  рабадтыл  фехъусын кодта.

«Æз  сæрыстыр дæн уымæй, цæмæй  дæн  уыцы  эмиграцийы байзæддаг, кæцы 1921  азы конституцийæ  цардис  æмæ   кæронмæ йæ уырныдта  йæ  ногæй рацарæзт.  Сæрыстыр дæн  æмæ  стыр бæрн  хатын  уымæн æмæ   президенты сегасдæр бæрзонд  хæс у  растдæр конституцийы  æмæ йæ  принциптæн иузхæрдыгдзинад.  Уырны мæ, нæ æмуддзинад æмæ  сæйраг хæзнаты алыварс  баиуæй  Гуырдзыстон суыдзæн  фидар Европаг   паддзахад – раст ахæм паддзахад, цахæммæ бæллыдысты   нæ  фыдæлтæ, кæцытæ сфидар кодтой Гуырдзыстоны фыццаг конституци. Ахæм, цахæмдæр нын амоны нæ конституци.  Нæ конституцийæн нырмадæр фæлдзæуæн хуыз ис, уымæн æмæ  хъуамæ  фæуæлахиз уæм  сегасдæр сæйраг  æртхъирæныл –  нæ  æнæхицæнгæнгæ  хæйтты аиртæст, абхаз æмæ  ирон адæмтимæ, Гуырдзыстоны  адæмы  баиу кæнын,  саст хидтæ  ногæй саразын  æмæ иумæ  конституцийы  кæронмæ  сфидар кæнын –  уый у нæ нысан. Ацы нысаны æрдæм  арызт  иу  гыццыл фæлæ  символон къахдзæф у  Гуырдзыстоны  конституцийы ног редакцийы тæлмац  æмæ  йæ  абхазаг æвзагыл мыхуырмæ рауагъд.  Ноджы иу  хатт  уын арфæ кæнын  абоны бон  æмæ  уын бузныг дзурынц  хъусдарды тыххæй» – райхуъсын кодта Саломэ Зурабишвили.