Саломэ Зурабишвили- позитивон  ныхас нын уыд мæ лиетувæйаг  коллегæимæ, Гуырдзыстон дарддæр кæны  нæфæцудгæ цыд  евроатлантикон  интеграцимæ
Саломэ Зурабишвили- позитивон ныхас нын уыд мæ лиетувæйаг коллегæимæ, Гуырдзыстон дарддæр кæны нæфæцудгæ цыд евроатлантикон интеграцимæ

Гуырдзыстоны  президент  Саломе  Зурабишвили  «Твиттеры»   лиетувæйаг   коллегæимæ   телефонæй  ныхасы фæдыл   фыссы.

Президент  лиетувæйаг   коллегæимæ ныхасæн æвæрццаг аргъ дæтты.

«Æвæрццаг ныхас нын уыд  мæ  лиетувæйаг  коллæгимæ.  Гуырдзыстон дарддæр  кæны  нæфæцудгæ цыд  евроатлантикон  интеграцимæ.  Нæ партнерты, сæ нымæцы  Лиетувæйы  æрдгæй æххуыс иттæг  нысаниуæгджын у» –  фыссы  Саломэ Зурабишвили.

Информацийæн,  Лиетувæйы   президент  Гаитанас  Науседа  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвилиимæ абон фæныхас кодта.  Лиетувæйы  президенты  администрацийы  ахæлиугонд  пресс-релизы   куыд дзырдæуы афтæмæй,   лидертæ зæгъгæ,   æркастысты  «Хурыскæсæн партнерады»  саммиты æрцæттæгæнæн   мадзæлттæ, «Ковид-19»-ы  пандеми  æмæ Гуырдзыстоны сырæзт  политикон  уавæр.