Саломэ Зурабишвили - Полициæгтæ акцийы æхсæв уыдысты æнæфенгæ тыхмийы амæттаг æмæ стыр рæстæджы дæргъы бафæрæзтой ацы тыхмийæн
Полициæгтæ акцийы æхсæв уыдысты æнæфенгæ тыхмийы амæттаг æмæ стыр рæстæджы дæргъы бафæрæзтой ацы тыхмийæн – фидиуæн Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Атонелийы уынгыл президенты галуаны, цы ран акцийы æхсæв рабæрæггонд профессионализмы тыххæй медикты схорзæхджын кодта цыты майдантæй. Дзырдæй ралæуды рæстæджы, уый барадхъахъхъæнджыты æмæ журналистты тыххæй дæр фæныхас кодта.
«Абон ай у сæрмагонд, фæнды мæ уа бузныг зæгъыны бон. 20-21 июны æхсæв Руставелийы проспектыл æнæнизхъахъхъæды сферæйы минæвæрттæ æнæхъæн æхсæвы дæргъы хиуылнæаурдгæйæ куыстой. Не мбæстæгтæн медицинон æххуыс уыд афоныл æмæ бахъом сты сæ фæхæццæ кæнын медицинон уагдæттæм. Фæнды мæ стыр бузныг сын зæгъон, æппæт дзыллæйы номæй. Операцитæ æнтыстджынæй ацыдысты, æхсæз пациент цауы, бавæрдтой сын цæсты рухс æмæ уый у иттæг нысаниуæгджын, уымæн æмæ æвзонгты цæстытæ, сты нæ фидæны цæстытæ. Хъыгагæн цалдæр пациенты уавæр ацы афонмæ уæззау у æмæ дохтыртæ сæ радзæбæх кæнынæн алы амæлттæй архайынц.
Фæнды мæ алкæмæн бузныг зæгъын. Нæу мæ бон ма ракой кæнон уыцы адæймæгты тыххæй, дæнцæн журналистты, кæцытæ сæ профессион хæстæ æххæст кодтой уыцы æхсæв.
Сæ нымæцы дæр ис цæфтæ æмæ мæ фæнды разæгхын мæ фарсхæцынад. Афтæдæр полициæгты æрдæм, кæцытæ уыцы æхсæв уыдысты æнæфенгæ тыхмийы амæттаг æмæ стыр рæстæджы дæргъы бафæрæзтой ацы тыхмидзинадæн. Ам нæ бавналдзынæн уыцы фарстамæ, уæлдайджын тыхæй спайда кодтой æви нæ. Уый тыххæй цæуы фæдæвзарæн, фæдæвзарæны æмæ тæрхондоны фарста у уый æмæ æфхæрды аккаг чи у, уый æнæмæнгæй æрцæудзæн æфхæрд. Фæлæ ай ма хъуамæ ахиза алы полициагмæ, уымæн æмæ ацы бæстæйы демократи нæ уыдзæн, æнæ журналисттæй,, нæ уыдзæн паддзахад æнæ барадхъахъхъæнджытæй æмæ дзыллæта нæ уыдзæн æнæ сымах», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.