Саломэ Зурабишвили – Пицундæйы цы уынæм, уый у Уæрæсейы æрдгæй  Гуырдзыстоны территорийы анексийы  формæ, æхсæнадæмон  дзыллæмæ  сидын карз  реагиркæнынмæ
Саломэ Зурабишвили – Пицундæйы цы уынæм, уый у Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны территорийы анексийы формæ, æхсæнадæмон дзыллæмæ сидын карз реагиркæнынмæ

 

Пицундæйы цы уынæм  Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны  территорийы  анексийы формæ у, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили  социалон хызагы фыссы.

Саломэ Зурабишвили æхсæнадæмон дзыллæмæ  сиды  карз  реагиркæнынмæ.

«Пицундæйы цы уынæм,  Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны  территорийы  анексийы формæ у. Уынæм  ацы  фæзындтыл  адæмы  карз  реакци.  Уый æнæнцайгæ оккупацийы  фæстиуæг у.  Категорионæй  фауын  æмæ æхсæнадæмон дзыллæмæ  сидын цæмæй карз реагиркæнынад равдиса», –  фыссы Саломэ Зурабишвили.

Хæдрасидт Абхазы  хицауад Пицунда-Мюсеры паддзахадон дачæты  ауæй кæнын  хъавы.  Территори  алæвæрды æдыл  бадзырд  Мæскуыйы  2022  азы 19 январы   бафыстæуыд, фæлæ  уый бæрæг ссис  æрмæст 11  июлы, документы кæсын куы райдыдтой де-факто парламенты. Бадзырд  абхазæгты смæсты кодта.

Бадзырдмæ гæсгæйæ, падзахадон   дачæты  алы бæстыхай, Уæрæсейы  Федералон хъахъхъæды  куысты  сæрмæмулкмæ хизы, æрмæст алфæмбылай зæххытæ  – 186 гектар – Уæрæсемæ арæнды  лæвæрд цæуы  49  азæй.