Саломэ Зурабишвили  парламенты раз  афæдзон хыгъдлæвæрдимæ ралæудзæн  14 марты
Саломэ Зурабишвили парламенты раз афæдзон хыгъдлæвæрдимæ ралæудзæн 14 марты

Гуырдзыстоны  президент Саломэ Зурабишвили  парламенты  афæдзонхыгъдлæвæрдимæ  ралæудзæн 14 марты.  Банысангонд  фарстайыл президенты  администрацийы æмæ парламенты  къухдариуæгады æхсæн   бадзырд  баххæст.

Знон  президенты парламентон  нымæрдары æмæ  парламенты  сæрдары  æхсæн   ацы фарстайыл консультаци  ацыд.

Президенты  афæдзон хыгъдлæвæрды фæдыл  райсом  бюройы  рабадт  ацæудзæн æмæ   14 марты  та  уыдзæн  парламентон сесси.

Президенты  парламентмæ  сидт  саразын фæндыд 5 марты, фæлæ ацы датæйыл  «Гуырдзиаг Бæллицц» не сразы ис.