Саломэ Зурабишвили парламентмæ афæдзон хыгъдлæвæрд 6 февралы хъуамæ бавдиса
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили афæдзон хыгъдлæвæрдæй парламенты ралæудзæн 6 февралы.
Фæнысангонд датæ регламентæй у бæрæг. Регламенты дзырдæуы, цæмæй парламент уалдзæгон сессийы фыццаг пленарон рабадты бон, Гуырдзыстоны конституцимæ æмбæлгæйæ байхъусы президенты æрвылазон раныхасмæ бæстæйы уавæры иттæг нысаниуæгджын фарстаы фæдыл. Фæнысангонд датæйы фæивын гæнæн ис парламенты сæрдаримæ бадзырды бындурыл.
Регламентмæ гæсгæйæ, президенты ралæуды фæстæ дзырдæй рацæудзысты фракциты сæрдæрттæ æмæ парламентон фылдæрты лидер.
Рацыдты фæуды фæстæ Гуырдзыстоны президентмæ ис бар ралæууа хатдзæгон раныхасæй.
Саломэ Зурабишвилийæн президенты рангы уый фæстаг афæдзон хыгъдлæвæрд уыдзæн.