Саломэ Зурабишвили парламентмæ æрвылазон раныхас 4 марты бавдисдзæн
Президент Саломэ Зурабишвили парламентмæ æрвылазон раныхас 4 марты бавдисдзæн.
Гуырдызстоны Фыццаг Каналы информацийæ, президенты закъондæттæг органы ралæуды датæйыл ныридæгæн æрныхас кодтой.
Президенты рангы Саломэ Зурабишвили парламентмæ дыккаг æрвылазон хыгъдлæвæрд бавдисдзæн. Президенты æрдгæй, хыгъдлæвæрды бавдыст бæлвырд у Гуырдзыстоны конституцийæ æмæ парламенты регламентæй.
Регламентмæ гæсгæйæ, куыд уаг афтæмæй, парламент бæстæйы уавæры сегасæй ахсджиаг фарстатыл президенты æрвылазон раныхасмæ уалдзæгон сессийы пленарон рабадты фыццаг бон байхъусы.
Саломэ Зурабишвили президенты рангы парламенты фыццаг раныхас ивгъуыд азы 6 марты бавдыста. Пленарон рабадты президенты рацыды протесты нысанæй, «Националон Змæлд» æмæ «Европаг Гуырдзыстоны» уæнгтæ, хайад нæ райстой.