Саломэ Зурабишвили Паризы, йæ фыдæлты инциативæйæ арæзт аргъуаны Хуыцаумæ скуывдмæ йæ хъæбултимæ иумæ бацыд
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Паризы, йæ хъæбултимæ иумæ, Сыгъдæг Нинойы номыл уыцы аргъуаны райста хайад скуывды, кæцы йæ фыды, Францы гуырдзиаг диаспорæйы сæрдары, Леван Зурабишвилийы инциативæйæ æмæ тыхархайды фæрцы сырæзт.
Аргъуаны разамонæг Фыд Арчил уыцы периоды æрымысыд, йæ сабибонты Саломэ Зурабишвили активонæй куы цыдис аргъуанмæ æмæ зарыд зарæггæнджыты къорды. Уый президентæн сæйрмагонд куысты размæцыд æмæ æнтыстытæ ракуывдта.
«Мах стæм гуырдзиаг эмиграцийы аргъуаны, кæцы у Леван Зурабишвилийы, Иосеб Къемулариайы æмæ Иламаз Дадешкелианийы бындурæвæрд. Нæ Саломэ иу цыдис ардæм сабибонтæй. Мæ зæрдыл лæууынц уыцы бонтæ зарæггæнджыты къорды иу куы зарыд уый, бирæ ахæм хæстæгон æрымыссæггæгтæ мæм ис. Стыр ныфс дарын цæмæй цæ куыстæй Европæ æмæ æндæр бæстæтимæ ахастыты стыр размæцыд æмæ æнтыстытæм æрцæудзæн. Ацы ныфсæй иу кувæм уымæн æмæ Гуырдзыстонæн» – райхъусын кодта Фыд Арчил.
Паризы Сыгъдæг Нинойы аргъуан 1929 азы уыцы гуырдзиаг рæстдинонтæн æрцыд бындурæвæрд, кæцытæ 1921 азы уырысаг оккупацийы фæстæ Францмæ айстой сæхи.
Сыгъдæг Нинойы аргъуанмæ цæудзытæн Паризы хуыцаумæ скуывд 1944 азæй, æххуырст бæстыхайы цыдис, 1973 азы та, Гуырдызстоны президент Саломэ Зурабишвилийы фыды, Францы гуырдзиаг диаспорæйы сæрдары, Леван Зурабишвилийы инцинативæйæ, Паризы бантыстис бынат балхæнын æмæ Францы æмæ фæсарæнты цæрæг гуырдзиæгты æххуысæй кувæндон саразын.
1990-æм азьы уый уыдис Хуыцаумæ скуывдæн иунæг бынат Гуырдзыстоны фæсарæнты, цы ран скуывд цыдис æххæст гуырдзиаг æвзагыл.
Абоны боны фæдыл Саломэ Зурабишвилийы чызг, Кетеван Горджестан, «Фейсбукпост» ныффыста, кæцыйы мидæг сæ се стыр мад дзуры, куыд балхæдтой Паризы бынат кувæндонæн.
«АБон иууыл уый тыххæй хъуыды кæнын, куыд цин уыдаит мæ нанайæн махимæ иумæ аргъуанмæ рацæуын. Темуримæ иумæ райсомæй мысыдыстæм нанайы историтæ» – фыссы Кетеван Горджестан.
დღეს სულ იმაზე ვფიქრობ ბების როგორ გაუხარდებოდა ჩვენთან ერთად ეკლესიაში წამოსვლა. თემურთან დილიდან ვიხსენებთ ბების ისტორიებს ❤❤️❤️Une grosse pensée pour ma ptite Bébi qui me manque tellement et qui aurait été tellement fière d’aller dans notre Eglise avec sa fille Présidente ❤️❤️❤️
Posted by Kéthévane Gorjestani on კვირა, 17 თებერვალი, 2019