Саломэ Зурабишвили – Паддзахадон тырысайы символы æмбырд сты нæ ивгъуыд æмæ нæ фидæны тых
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Гуырдзыстоны цæрджытæн паддзахадон тырысайы бон, Орбелианиты галуанæй раарфæ кодта, цы ран ацыд тырыса уæлæмæ сисыны церемони.
«Арфæ уын кæнын Гуырдзыстоны падзахадон тырысайы бон.
Фæнды мæ ацы бон раарфæ кæнын фæсивæдæн, сывæллæттæн, алкæмæн, чидæриддæр нырид 30 аз у, нæ бæстæйы падздахадон тырысайы бын цæры; чидæриддæр нæ хъуыды кæны уыцы афон, ацы бæстæйы æндæр бæстæйы тырыса куы фæйлаутта уый – ай у стыр цин. Гуырдзыстоны паддзахадон тырыса нæ хæдбарады æмæ сæрибардзинады символ у. Ацы бон мæ фæнды раарфæ кæнын не фсадæн, кæцы растдæр ацы тырысайы бын хъахъхъæны нæ территори, нæ сæрибардзинад, хæдбарад æмæ фæсарæнты æхсæнадæмон мисситы сæрыстырæй хæссы ацы тырыса.
Фæнды мæ ацы бон раарфæ кæнын бæстæйы æддæйæ цæрæг эмигранттæн æмæ минæварадтæн. Фæнды мæ раарфæ уын кæнон сымахæн, пъæлицæйæгтæ, ирвæзынгæнджытæ, зынгхуыссынгæнджытæ, дохтыртæ, медперсонал сымахæн, æмæ алы уыцы адæймагæн, алы уыцы профессионалоæн, чидæриддæр абон нæ æхсæнады сæрыл хæцы. Ай æцæгæйдæр стыр сгуыхтдзинад у ацы бæстæйæн æмæ ацы тырыса дæр уый символ у.
Фæнды мæ ракурон уæ кад кæнат ацы тырысайæн, уымæн æмæ тырысайæн кад у нæхи сæрæн, нæ бæстæйæн, нæ культурæ æмæ традицитæн кад. Ацы иу символы æмбырдгонд у нæ ивгъуыд æмæ нæ фидæны тых. Уый тыххæй дæр ацы бон у иттæг нысаниуæгджын бон.
Фæнды мæ раарфæ уын кæнон нæ бæстæйы паддзахадон тырысайы бон, афтæдæр мæ фæнды раарфæ уын кæнон зæрондæй ног азы бæрæгбон» – банысан кодта Гуырдзыстоны президент.