Саломэ Зурабишвили олимпийæгты абон схорзæхджын кæныны ныхмæ у æмæ хъусын кæны, цæмæй олимпийæгты æмæ параолимпийæгтæн сентябры адæмон бæрæгбон саразын хъавы
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили хъуыды кæны, цæмæй гуырдзиаг олимпийæгты афтæ цырд схорзæхджын кæнын нæй гæнæн ис уымæн йæхи аххосаг ис.
Зурабишвили абоны брифингыл куыд райхъусын кодта афтæмæй, олимпийæгты æнтыстытæ алчи иумæ хъуамæ сбæрæгбон кæна æмæ адæмон бæрæгбон саразын хъавы. Иурæстæгонæй Саломэ Зурабишвилийы дзырдæй, зæгъгæ параолимпиадæ нырма ерын райдайы æмæ аххæсдзæн 8 сентябры онг, уымæ гæсгæ дæр, алкæй райст иумæ ацæудзæн.
«Ис мын дыууæ сорьозон æфсон, цæй тыххæй дæр нæй гæнæн абон сæ афтæ уайтагъд схорзæхджын кæнын. Фыццаг уый у серьозон хъуыддаг æмæ нæу цыдæр тагъдгæнгæ темпы ауадзинаг, фæлæ ис дыууæ æндæр сæйраг аххос: хъуыды кæнын, цæмæй ацы у фарста кæцы иу кæны æцæгдæр бæстæ, дзыллæ æмæ уый алчи иумæ хъуамæ сбæрæгбон кæнæм кæмдæр æхгæд тыгъдады, кæцыйы адæмæй тæрсæм – фæлæ адæмон бæрæгбон хъуамæ уа æмæ æз хъавын адæмон бæрæгбон ауадзын, куыд райхуъсын кодтон, афтæ. Дыккаг, гæнæн ис нысаниуæгджындæр уа, ома параолимпиадæ нырма ерын куы райдайы æмæ 8 сентябрмæ аххæсдзæн. Нæ зонын чи рох кæны спорты министр æви æнæхъæн хицауад, куыд ис гæнæн, сбæрæгбон кæнæм нæ олимпийæгты æрыздæхт – хицæн спортсменты, кæцытьæ хайад райстой Олимпион Хъæзтыты æмæ хицæнæй та параолимпийæгты. Нæйы, ницы дискриминаци, уый у нæрайсгæ. Алы иумæ райсдзыстæм, æнæхъæнæй адæм, дзыллæ æмæ алчи, олимпийæгтæ æви параолимпийæгтæ, алкæмæ уæм æнхъæлмæ кæсын сентябры», – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.