Саломэ Зурабишвили Оксфорды, «Беназир Бхутойы лекцийы» серийы фæлгæтты лекци бакæсдзæн
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили абон Стыр Британийы горæт Оксфорды, лекци бакæсдзæн «Оксфорды Цæдисы», «Беназир Бхутойы мемориалон лекцийы» æрвылазон серийы фæлгæтты.
«Оксфорды Цæдисы» Гуырдзыстоны президентæн йæ размæ рацæудзæн æмæ йын сфысым кæндзæн цæдисы президент Ахмед Навази. Оксфорды Цæдисы «Беназир Бхутойы мемориалон лекцийы» бындурæвæраг у Стыр Британийы премьер-министр Тереза Мей æмæ циклы фæлгæтты уымæ лекцитæ кастысты йæхадæг æмæ Дэвид Кэмерон дæр.
Гуырдзыстоны президент фыццаг æнæбриатйнаг у, кæцы бакæсдзæн лекцийы. Уыимæ, цæдисы иуæй-иу президент Британийы раздæры премьер Борис Джонсон дæр уыд.
Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны президенты администраци.